филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:08 воскресенье, 19 мая 2024
30 марта 2023, 11:04
Дзанайты Барисæн фембæлд уыди спортивон хъæбысхæсты минæвæрттимæ

Ныхас цыди спорты ацы хуызы райрæзтыл, спортсментæн æххуыс кæныныл, стæй фидæны ерыстæм цæттæ кæныныл

РЦИ-А Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн фембæлд уыди спортивон хъæбысхæсты минæвæрттимæ. Ныхас цыди спорты ацы хуызы райрæзтыл, спортсментæн æххуыс кæныныл, стæй фидæны ерыстæм цæттæ кæныныл. Фембæлды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй абон Цæгат Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæстæй архайынц 6 мин спортсменæй фылдæр. Премьер-министр фидарæй загъта, спорт уæлдæр æмвæзадмæ ракæныныл регионы Хицауад æнæрлæугæйæ кæй архайы, уый. Ацы хъуыддаджы фæдыл республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дзуапдæттæг куыстуæтты размæ сæвæрдта карз домæнтæ. Уæдæ Ирыстойнаг спортсментæ дунейы хуыздæрты æмрæнхъ кæй сты, уый дæр бæрæггонд у. Фæлтæрдджын тренерты фæрцы фæсивæд ацæуынц тыхджын скъола, æмæ райсынц иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Ивгъуыд азы республикæйы арæзт æрцыди 200 спортивон мадзалы. Ацы азæн дæр бацæттæ кодтой хъæздыг къæлиндар. Спортсментæ сæ зæрдæ дарынц Олимпаг хъæзтытыл æмæ сæм цæттæ кæнынц активонæй, йæ раныхасы зыгъта Тедеты Марик.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania