филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:59 пятница, 03 мая 2024
17 января 2024, 11:10
Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди вице-премьертимæ æмæ хицауады уæнгтимæ

Ныхас цыди республикæйы рæзты фарстатыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн кусæг фембæлд уыди вице-премьертимæ æмæ хицауады уæнгтимæ. Ныхас цыди республикæйы рæзты фарстатыл. Дзанайты Барис бæрнон кусджытæн бахæс кодта, ацы азы размæ вæрд хæстæ æххæст кынынмæ цæст дарын, стæй сæ афоныл æххæст кæнын. Уый тыххæй хъуамæ арæзтадон фæзтæ дзуапдæттæг ведомствæты минæвæрттæ бæрæг кæной, æмæ сæ уыной хи цæстæй. Боны фæткмæ цы хъуыддæгтæ рахастой, уыдонæй иу уыди – алы сезонты чи кусдзæн, уыцы туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтад. Стæй, балер кæсаг парахат кæныны центры арæзтад, уый та у Уæрæсейы Президент Владимир Путины хæслæвæрдмæ гæсгæ. Ахсджиагдæр фарстаты хсæн ма, Мæздæджы районы ламидæттæй тæссаг кæм у, уырдыгæй адæмы æдас ранмæ ракæныны æмæ сæ хæдзæрттæ сифтонг кæнын дæр. Ацы хъуыддагыл ныхас цыди бæстæйы Сæргълæууæг æмæ республикæйы разамонæг Сергей Меняйлойы фембæлды рæстæг дæр. Алы вице-премьерæн дæр æмбырды бахæс кодтой, профилон министрадтимæ æнгом æмгуыстад кæнын æмæ размæ вæрд хæстыл æмдыхæй кусын. Æппæт къабæзтæ дæр республикæйы цæрджытæн социалон æгъдауæй сты ахсджиаг. Уымæй уæлдай Дзанайты Барис радта бæлвырд амынддзинæдтæ ног æхсæнадон зонæтæ рацаразыны тыххæй. Премьер министр ма бадомдта,  раззагдæр проекттæ æххæст кæныны мадзæлттæн мониторинг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania