филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:51 воскресенье, 19 мая 2024
29 ноября 2023, 11:12
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд вице-премьертимæ æрвылкъуырион æмбырд

Ныхас цыд, Уæрæсейы Президенты уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд вице-премьертимæ æрвылкъуырион æмбырд. Ныхас цыд, Уæрæсейы Президенты уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Сæйрагдæр – ламидæттæ æрцæуынæй тæссаг зонæты чи цæры, уыцы адæмы æндæр рæттæм раивыны фарстатыл. Уымæй дарддæр стыр æргом аздæхтой ахуыргæнæндæтты бындурон цалцæгмæ, горæты æнцонвадат архайды программæмæ. Дзанайты Барис бабар кодта бæстон цæст дарын бюджетон курдиæттæм. Баст сты социалон инфраструктурæйы объектты цалцæг æмæ рацарæзтимæ 2024-æмæй – 2026-æм азы онг. Уæлдай æргом та домынц, нæ республикæйы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Афæдзы кæронмæ баззад иу мæй, æмæ хъæуы алы къабæзты куыст фæхъомысджындæр кæнын, цæмæй социалон-экономикон рæзт ахадгæдæр уа – загъта хицауады сæрдар.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania