филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:41 среда, 01 мая 2024
11 января 2024, 13:11
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд вице-премьертимæ ацы азы фыццаг æмбырд

Ныхас дзы цыд 2024-æм азы куысты фыццаградон нысантыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд вице-премьертимæ ацы азы фыццаг æмбырд. Ныхас дзы цыд 2024-æм азы куысты фыццаградон нысантыл. Афтæ регионалон хицауад дарддæр архайдзæн республикæйы социалон-экономикон рæзтыл, æмæ цæрджыты уавæртæ хуыздæр кæныныл. Фæлæ сæйрагдæр хæс уыдзæн – дарддæр паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæнын. Уый снысан кодта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Уымæй уæлдай активон куыст цæудзæн Цæгат Ирыстоны туризмы къабазы райрæзтыл. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ивгъуыд аз нæ республикæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыста æппæт программæты дæр. Уымæ гæсгæ ацы аз дæр хъæуы хуыздæр æнтыстдзинæдтæм тырнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania