филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:49 вторник, 03 ноября 2026
08 сентября 2022, 10:21
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд райрæзты институт «ДОМ.РФ»-имæ æмгуыстады фарстаты фæдыл æмбырдæн

Ныхас цыди Сергей Меняйло йын йæ генералон директор Виталый Муткоимæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ цы хæстæ радта, уыдон царды куыд æххæстгонд цæуынц, уыдоныл

Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд райрæзты институт «ДОМ.РФ»-имæ æмгуыстады фарстаты фæдыл æмбырдæн. Ныхас цыди Сергей Меняйло йын йæ генералон директор Виталый Муткоимæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ цы хæстæ радта, уыдон царды куыд æххæстгонд цæуынц, уыдоныл. Бæстонæй æрлæууыдысты Дзæуджыхъæуы мастер-пъланыл бакусыны мадзæлттыл. Хъæуы горæты комплексон райрæзтæн, йæ фæлгæты арæзт цæудзысты ног микрорайонтæ. Уымæй уæлдай, æркастысты республикæйы разамонæг æмæ Уæрæсейы финансты министр сæ фембæлдæй цы бæрæггæнæнтæ рахстой, уыдонмæ. Се хсæн бюджеты, стæй  стыр объекттæ æмæ проекттæн фæрæзтæ дих кæныны   фарстатæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania