филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:12 среда, 01 мая 2024
18 апреля 2024, 12:25
Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым ныхас цыди республикæйы социалон-экономикон къабазы актуалон фарстатыл бакусыныл

Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстон цæттæ кæны ног цацион проект «Цардархайды инфраструктурæ»-йы архайынмæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым ныхас цыди республикæйы социалон-экономикон къабазы актуалон фарстатыл бакусыныл, стæй национ æмæ паддзахадон проекттæ æххæст кæныныл. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2024-æм азы фыццаг кварталы фæрæзтæ æмбæлгæ хуызы хардзгонд æрцыдысты арæзтады æмæ архитектурæйы, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министрадты, стæй транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстон цæттæ кæны ног цацион проект «Цардархайды инфраструктурæ»-йы архайынмæ. Сæйраг хæстæй иу у хъæуты рæзты программæйыл бакусын. Уымæй уæлдай æрныхас кодтой ног туристон сезонмæ цæттæ кæныны фарстатыл. Туризмы комитеты сæрдар Кочиты Сослан куыд загъта, афтæмæй майы бæрæгбæттæм республикæйы фæлладуадзæн объектты 90% ныридæгæн бынæттæ нал ис. Ведомствæйы специалисттæ æмгуыстад кæнынц туристон оператортимæ æмæ туристон бизнесы минæвæрттимæ. Ныхас цыди туристон инфраструктурæйы объекттæ аразынæн федералон субсидитæ райсынæн. Дзанайты Барис бахæс кодта, цæмæй Цæгат Ирыстонæн цы 277 милуан сомы дихгонд æрцыди, уыдонæй спайда кæной афоныл æмæ ахадгæйæ. Хицауады сæрдар ма æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты зæрдыл æрлæууын кодта, комплексон республикон программæ «Арæзтад»-ы проектыл бакусын. Уымæй уæлдай, ныхас цыди, куыстдæттыны æппæтуæрæсеон армукъайы хатдзæгтыл. Профилон Комитеты сæрдар Цъæхилты Чермен куыд загъта, афтæмæй армукъайы архайдтой 70 куыстдæттæджы æмæ мин 4 сæдæ куыстагурæджы. Армукъа бирæтæн сæ хъуыддаг сарæзта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania