филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:51 вторник, 03 ноября 2026
21 июля 2023, 11:37
Дзанайты Барисы разамындæй уыд æртæвæрсыг къамисы æмбырд

Ныхас цыд социалон-фæллойадон ахастдзинæдтыл

Дзанайты Барисы разамындæй уыд æртæвæрсыг къамисы æмбырд. Ныхас цыд социалон-фæллойадон ахастдзинæдтыл. Фæстаг 5 азмæ республикæйы куыстуæтты æнтыстджынæй архайынц 74 профцæдисон организацийы. Уыдонæй 36 — коммерцион структурæты. Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ куыд радзырдта, афтæмæй ахсджиаг æххуыс кæнынц инвалидтæн куыст ссарынæн. Æмбæлгæ куыст сын ссарыны тыххæй скæнынц профессионалон æмæ медицинон-социалон æууæлты анализ. Дзанайты Барис профилон ведомствойæн бабар кодта ахæм æххуысы мадзæлттыл дарддæр дæр кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania