филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:03 воскресенье, 05 мая 2024
20 января 2021, 13:00
Дзауджыхъæуы уыд хицауады радон æмбырд

Тускъаты Таймураз фæсидт, цæмæй ргом аздахой 2 азы дæргъы национ проекттæ царды куыд æххæст кодтой, уыцы къæпхæнтæм æмæ хатдзæгтæ скæнгæйæ 2021-æм азы проекттæ царды уадзын

Сидзæр сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын, фæндаггон картæ, кæцы иу кæны арæзтадмæ йе вæрæн чи бахаста, уыдоны бартæ, паддзахадон хардзæй ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдоны хыгъд фидар кæнынмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Ацы, æмæ æндæр фарстатыл æрдзырдтой Хицауады радон æмбырды. Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур радзырдта, арæзтадмæ йæ фæрæзтæ чи бахаста, уыдоны барты  ног фæткы тыххæй. Абоны бонмæ зæрдæхсаинаг хæдзæрттæ сты 7. Уыдонæй  2 объекты фарста лыггонд æрцыд. Фæллойы æмæ социалон райрæзты министр Хуыбаты Барис та радзырдта, сидзæр сывæллæттæ бартæ цы хуызы ис бахъахъхъæнын, уый тыххæй. Фидаргонд æрцыд сæрмагонд цæстдарæн къорды хыгъд дæр. Уырдæм бацыдысты алы министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ, стæй республикæйы сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг. Тускаты Таймураз  бахаста фæндон – хыгъд фæуæрхдæр кæнын æмæ йæм бахæссын парламенты депутатты æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты дæр.

Æмбырды ма ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты нысанмæ арæзт ахуырады фæткмæ. Растдæр зæгъгæйæ та йæ бадзырдмæ. Афтæ къамисы уæнгтæ ахуыр кæнынмæ  æрвитдзысты, республикæйы экономикон уавæр хынцгæйæ. Уыимæ ма рахастой уынаффæ, цæмæй ныронг нысанмæ арæзт ахуырад лæвæрд кæмæн уыд, фæлæ ахуыр кæнын кæй бон не сси, уыдонæн дыккаг фадат лæвæрд куыд нал цæуа. Тускъаты Таймураз фæсидт, цæмæй ргом аздахой 2 азы дæргъы национ проекттæ царды куыд æххæст кодтой, уыцы къæпхæнтæм æмæ хатдзæгтæ скæнгæйæ 2021-æм азы проекттæ царды уадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania