филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:40 четверг, 02 мая 2024
19 октября 2022, 10:43
Джызæлы арæзт æрцыдысты Уæрæсейы кубок рамбулыны æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ мотоспортæй

Зын фæндæгтыл цæуын æмæ цæлхдурты сæрты хизын чи уарзы, уыдон архайдтой ерысты хæрзиуджытæ рамбулыныл

Классикон фæлтæрæнтæ мотоциклтыл. Джызæлы арæзт æрцыдысты Уæрæсейы кубок рамбулыны æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ мотоспортæй. Зын фæндæгтыл цæуын æмæ цæлхдурты сæрты хизын чи уарзы, уыдон архайдтой ерысты хæрзиуджытæ рамбулыныл. Спортсментæ уыдысты Мæскуыйы æмæ Ленинграды облæсттæй, стæй Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдтæй. Ерысты уыдысты 7 къласы: Китай, Е-1, 2 æмæ 3, Юниортæ, спорт æмæ мастер. Фæстаг категори – æппæтæй фæлтæрдджындæр спортсментæн. Турнир саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй трассæ уыд тынг зын. Фæлæ афтæмæй сбæрæг ерысты архайджыты арæхстдзинад, æмæ республикæйы хуыздæр спортсменты номхыгъд дæр. Уымæн æмæ ма уыцы бон цыдысты Цæгат Ирыстоны чемпионат æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania