филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:15 воскресенье, 19 мая 2024
23 мая 2023, 11:17
Джызæлы кæронмæ æрхццæ Уæрæсейы чемпионат практикон æхстытæй

Ерысгæнджытæ уыдысты нæ бæстæйы 9 регионтæй, 70 спортсменæй фылдæр

Джызæлы кæронмæ æрхццæ Уæрæсейы чемпионат практикон æхстытæй. Ерысгæнджытæ уыдысты нæ бæстæйы 9 регионтæй, 70 спортсменæй фылдæр. Архайæн дзы уыд, 13 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы спортсментæн. Ерысты руаджы сын фадат ис Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ бацæуынæн. Ацы аз нæ республикæйы спорты ахæм хуызæй сараздзысты 26 мадзалы. Чемпионаты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Æппæтæй тагъддæр æмæ æппæтæй растдæр фехсын. Уæрæсейы чемпионаты практикон æхстытæй турниры рамбулынæн сæйрагдæр хъæуынц ацы зонындзинæдтæ. Спортсменты ацæуын хъæуы 14 алыхуызон хæслæвæрды. Фæлæ цалынмæ ерыстæ нæ райдайой,  уæдмæ сын уыцы хæслæвæрдтæ нæ дзурынц. Ис дзы, чемпионаты фыццаг хатт чи архайы, ахæмтæ дæр.

Хæслæвæрдтæ сты алыхуызон æмæ цымыдисаг.

Турниры сæйраг тæрхонгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй ерысты фæтк сарæзтой хихъахъхъæнынады тыххæй цы æхстыты сценарий сарæзтой, уый бындурыл. Ацы категорийы архайынц сæрмагонд дамбацайæ.

Уымæй уæлдай ма тæрхонгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй ерысгæнджытæ арæхстджынæй архайынц спортивон дамбацатæй.

Архайджытæ ацыдысты цалдæр фæлварæны. Зæгъæм, сæ иу – уыцы иу рæстæг цалдæр мысаны раст акъуырын.

Андрей Чуев ма уымæй уæлдай загъта, чемпионаты цы дамбацатæй пайда кæнынц, уыдон закъонмæ гæсгæ фидаргонд кæй сты, уый.

Уæрæсейы практикон æхстыты федерацийы регионалон хайады сæрдар Хъантемыраты Барис куыд зæгъы, афтæмæй, æндæр азтимæ абаргæйæ, ацы аз чемпионаты архайдтой къаддæр спортсментæ.

Уымæй уæлдай ма Хъантемыраты Барис радзырдта хæслæвæрдтæ æххæст кæнын цымыдисагдæр цы бынæтты уыдзæн, уыдоны тыххæй дæр.

Турниры цы спортсментæ фæуæлахиз сты, уыдонæй сараздзысты Уæрæсейы иугонд командæ. Чемпионат хъуамæ 2 къуырийы фæстæ ацыдаид Сербийы, фæлæ дзы æвирхъау цау кæй æрцыд, уый тыххæй йæ аивтой.

Уæрæсейы чемпионат Ирыстоны саразын хуымæтæджы не сфæнд кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, у цымыдисаг спорты хуыз. Ацы аз нæ республикæйы практикон æхстытæй сараздзысты  26 мадзалы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania