филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 четверг, 02 мая 2024
07 марта 2023, 12:06
Дзуарыхъæуы цæрджытæ равзæрстой ног сæргълæууæджы

Хъæлæс кæныны бон æдæппæтæй бацархайдтой 648 адæймаджы, уый хъæуы цæрджытæн у се 75%-æй фылдæр

Дзуарыхъæуы цæрджытæ равзæрстой ног сæргълæууæджы. Ацы æвзæрстытæ арæзт æрцыдысты æмгъуыдæй раздæр. Иунæг æвзарæн участок байгом кодтой бынæттон культурæйы хæдзары. Хъæлæс кæныны бон æдæппæтæй бацархайдтой 648 адæймаджы. Уый хъæуы цæрджытæн у се 75%-æй фылдæр. Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы куыд загътой, афтæмæй, хъæлæс кæныны бон ацыд æнæ фиппаинæгтæй. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Чысыл лæвар – стыр цауы фæдыл. Æрæджы Малиты Миланæйыл сæххæст 18 азы. Æмæ йæ æвзарæджы бартæй спайда кодта фыццаг хатт. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй тынг ахсджиаг у дæ граждайнаг цæстæнгас равдисын, æмæ кандидатæн дæ хъæлæс раттын. Уымæн æмæ уымæй аразгæ у хъæуы фидæн.

Хъæуы сæргълæууæджы бынатмæ сæ кандидатурæтæ балæвæрдтой 5 кандидаты. Уыдонæй 4 æвзæрстыты архайдтой сæхи хъæппæрисæй. Æвзарæн къамисы сæйрагдæр хæстæм хауы – æхсæнадон фæтк бахъахъхъæнын, стæй уæд хъæуы бæллиццаг фидæныл бакусын. Ууыл зæрдæ дарынц бынæттон цæрджытæ дæр. Уæлдайдæр та хистæр кары адæм.

Хъæлæс кæныны бон куыд цыди, уымæ бæрнон цæстдард цыди. Æвзарæн хайады куыстой 5 цæстдарæджы. Цæмæй процесс уа æргом æмæ бæлвырд. Æвзарæн участок ифтонггонд æрцыд, нырыккон стандарттæ хынцгæйæ. Сæвæрдтой дзы видеокамерæ. Уый фæрцы æвзæрстытæ аразджытæн фадат уыд, хъæлæс кæныны пункты цаутæм онлайн хуызы кæсынæн.

Æвзарæн участокмæ æрбацæуыны бон кæмæн нæ уыд, уыдонмæ бацыдысты сæ хæдзармæ. Хæмæтаты бинонты ис дыууæ пенсиисæджы. Дыууæйæн дæр сæ хæдзарæй рацæуын зын у. Фæлæ æвзæрстытæм куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Уыцы хъуыддаг нымайынц хи бæрнондзинадыл. Ныр æхсæнадон кусджыты фæрцы сæ граждайнаг цæстæнгас равдыстой. Зойæ бирæ азты фæкуыста бынæттон скъолайы директорæй. Уымæ гæсгæ йын ахсджиаг у, цæмæй хъæуы фидæны сæргълæууæг стыр æргом аздаха фæсивæды хъомыладмæ.

Хъæуы сæргълæууæджы æмгъуыдæй раздæры æвзæрстыты бацархайдтой 648 адæймаджы. Сæ фылдæр сæ хъæлæстæ радтой Кцойты Олегæн. Уый кандидатурæ лæвæрд æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы бынæттон хайадæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania