филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 суббота, 18 мая 2024
08 апреля 2021, 14:23
Экологийы уавæр тынг тыхсын кæны Дыгуры районы цæрджыты

Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уый тыххæй Урсдоны цæугæдоны уавæр дæр кæны æвзæрдæр

Дыгуры районы калынц хъæд. Экологийы уавæр тынг тыхсын кæны бынæттон цæрджыты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уый тыххæй Урсдоны цæугæдоны уавæр дæр кæны æвзæрдæр. Фæлæ специалисттæм та ис æндæр хъуыды. Стæй алы калд бæласы бынаты та ныссадзынц 10 талайы онг. Афтæмæй, æрдзæн зиан нæ хæссынц. Фæлæ специалисттæ æмæ бынæттон цæрджытæн сæ бон иу хъуыдымæ æрцæуын нæу. Урсдоны хъæд калын закъонмæ гæсгæ у, æви нæ? Уый сбæрæг кæныныл бацархайдта Касаты Наирæ.

130 азмæ хæстæг. Гергиты Эльзæ Урсдоны скъолайы у географийы ахуыргæнæг. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æнусон бæлæстæ кæй калынц, уый у æврихъау. Æрдзмæ ахæм цæстæнгас дарын æнæмæнгæй йæ фæстæ расайдзæн æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддæгтæ.
Бæлæстæ калды тыххæй къаддæр кæны Урсдоны цæугæдон дæр, зæгъынц бынæттон цæрджытæ. Уыцы хъуыдыйæн Цæгат Ирыстоны экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады специалисттæ дæттынц дзуапп- цæугæдоны уавæрмæ бæлæсты калд ницы дары, зæгъгæ. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ та хъуыддаг баст у, фæстаг дыууæ зымæджы мит тынг гыццыл кæй уыди, уыимæ. Фæлæ уыимæ цæрджыты разы не сты.
Куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæр фыццаг аз нæ уынынц, æмæ равдыстой квадрокоптерæй кадртæ.
РЦИ-А экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министры хæстæ æххæстгæнæг Хидирты Батрадз дзырд дæтты, бæлæстæ иууылдæр акалыныл дзы ныхас дæр кæй нæ цæуы, ууыл. Зæрдыл æрлæууын кодта бæстæйы территорийы федералон исбоны кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ сын сæ уавæрмæ цæстдард цæуы дзуапдæттæг оргæнтæй æмæ хъæды хæдзарады минæвæрттæй. Уæрæсейы хъæды хæдзарад сæрмагонд æрфыст скодта 2007-æм азы. Уæд сбæрæг кодтой кæм æмæ цавæр бæлæстæ ис акалæн, уый. Цæрджытæ цы къамтæ равдыстой, уыдонмæ гæсгæ специалисттæ сбæрæг кодтой, фыст куыд у, афтæ бæлæстæ æвзаргæйæ кæй калынц, уый. Ис дзы, æркæсын кæмæ хъæуы, ахæм фарстатæ, фæлæ æмтгæй райсгæйæ, алцыдæр у нормæйы фæлгæты.
Закъонмæ гæсгæ, алы адæймагæн дæр бар ис республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады официалон сайтмæ бацæуын æмæ курдиат бадæттын. Афтæмæй, гом аукционмæ гæсгæ бар райсæн ис хъæдæрмæг бацæттæ кæнынæн. Фæлæ ам дæр ис бæлвырд фæтк. Ахæм бар лæвæрдтой бынæттон цæрджытæн дæр.
Бæлвырд ныхмæлæуддзинад æнæнхъæлæджы ахицæн хæлар æмæ æмзонд ныхасæй. Хидирты Батрадз Дыгуры районы разамындæн бахæс кодта, фарста алыг кæнынæн адæм къухфыстытæ æрæмбырд кæнын, ома бæлæстæ калыны хъуыддаджы ныхмæ чи у, уыдонæй. Фæлæ уæд РЦИ-А экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад зæрдыл лæууын кæны, ныртæккæ федералон закъон бар кæмæн дæтты, уыцы хъæдæрмæг бацæттæ кæнынæн фæзуæттæ нал дæтдзысты, уый гæнæн нал уыдзæни бынæттон цæрджытæн дæр. Закъонмæ гæсгæ, алы калд бæласы бынаты дæр 10 талайæ къаддæр нæ ныссадзынц. Дыгуры районы статистикæмæ гæсгæ, фæстаг дыууæ азмæ акалдтой дыууæ мин бæласмæ хæстæг. Садзгæ та дзы ныккодтой 37 мин талайы. Ныртæккæ Урсдоны хъæды хъæдæрмæг цæттæ кæнынц 4 организацийы. Хъæуы сæ бауадзын, цæмæй куыст кæронмæ ахæццæ кæной. Уымæн æмæ сын ацы хъуыддæгтæн бар лæвæрд уыди бæлвырд æмгъуыдмæ гæсгæ. Фæлæ дзы уæддæр ис закъонхæлдтытæ, уыдоны тыххæй та хъæуы фехъусын кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania