филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:00 среда, 08 мая 2024
23 марта 2022, 12:55
Елхоты ацыди Кировы районы сæргълæууæджы Кубок рамбулыны турнир шахмæттæй

Баст у дыууæ зæрдылдарæн бонимæ – Кавказы суæгъд кæныныл тохимæ æмæ Ленинграды блокадæимæ

«Уæлахизы тынтæ». Ахæм сæргондимæ Елхоты ацыди Кировы районы сæргълæууæджы Кубок рамбулыны турнир шахмæттæй. Баст у дыууæ зæрдылдарæн бонимæ – Кавказы суæгъд кæныныл тохимæ æмæ Ленинграды блокадæимæ. Хъазты райдиан сывæллæттæн равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цауты тыххæй документалон æрмæджытæ. Турнир аразæг, Кировы районы муниципалон сконды депутат Æлбегаты Мæдинæ куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæ хъуамæ зоной æмæ ма рох кæной сæ райгуырæн бæстæйы истори. Ерыстæ ацыдысты швейцариаг системæмæ гæсгæ. Архайдтой дзы, 7 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм скъоладзаутæ. Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райстой районы сæргълæууæджы кубок, майдантæ, кады гæххæттытæ æмæ æхцайы призтæ. 29 шахматистæн та саккаг кодтой кæстæр разряд юниорты хсæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania