Архайдтой дзы районы скъолаты минæвæрттæ — æдæппæтæй 70 адæймаджы 7 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ
Ерыстæ арæзт æрцыдысты Уæлахизы 80 азы кадæн. Турнир байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрцыдысты республикæйы шахмæтты Федерацийы президент Кадиты Зауыр æмæ вице-президент Цорæты Алыксандр, Кæсæг-Балхъарæй тренер Феликс Ахаминов. Архайдтой дзы районы скъолаты минæвæрттæ — æдæппæтæй 70 адæймаджы 7 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Ерыстæ ацыдысты швейцариаг системæмæ гæсгæ. Æппæтæй цымыдисагдæр хъазт равдыстой Гобозты Марат, Хаситы Хетæг, Хъазиты Ренат æмæ Георгий, Куыдзиаты Азæмæт æмæ Челæхсаты Алан. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн саккаг кодтой Кады гæххæттытæ, кубоктæ æмæ майдантæ. Тыхджындæр шахматисттæ районы кад хъахъхъæндзысты республикон турниры. Ерыстæ саразæг Æлбегаты Мæдинæйæн, интеллектуалон спорты хуыз кæй парахат кæны, уый тыххæй лæвæрд æрцыд республикæйы шахмæтты федерацийы Арфæйы гæххæтт. Æлбегаты Мæдинæ фидæнмæ нысан кæны шахмæттæй турнир саразын рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты *хсæн.




