05 марта 2021, 14:14
Фæсивæдон политикæйы рæзтыл кусгæйæ, фылдæр æргом здæхт цæуы рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ
Уæлдайдæр та фæстаг цауты фæстæ
Фæсивæдон политикæйы рæзтыл кусгæйæ, фылдæр æргом здæхт цæуы рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ. Уæлдайдæр та фæстаг цауты фæстæ. Æрæджы пъæлицæйæгтæ æрцахстой, Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæрты цыртдзæвæны цур æнусон артæй сæ тамакотæ чи ссыгъта, æмæ ма арты цур сæхи чи тавта, уыцы фæсивæды. Сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй изæрыгон тезгъогæнгæйæ, суазал сты, æмæ цыртдзæвæны цурмæ куы бахæццæ сты, уæд сфæнд кодтой артмæ сæхи батавын. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ æмæ Дзуарыхъæуы сæргълæууæг лæппутæн бамбарын кодтой, се мзæххонты сгуыхтдзинад нæ райгуырæн бæстæйы раз, Стыр Уæлахизмæ цы вæрæн бахастой, уый. Закъонхалджытæ бамбæрстой сæ рæдыд, æмæ ракуырдтой хатыр.