филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:36 вторник, 21 мая 2024
27 мая 2021, 13:33
Фæсивæды хсæн тероризмы ныхмæ цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уыдон фаг не сты

Нæ республикæйы тероризмы аххосæй æрцыдысты фыдбылызтæ æмæ уый тыххæй хъуамæ профилактикæйы къабазы цæуа ахадгæ куыст

Фæсивæды хсæн тероризмы ныхмæ цы мадзæлттæ æххæст кæнынц, уыдон фаг не сты. Нæ республикæйы тероризмы аххосæй æрцыдысты фыдбылызтæ æмæ уый тыххæй хъуамæ профилактикæйы къабазы цæуа ахадгæ куыст. Ахæм хъуыды загъта Сергей Меняйло тероризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы æмбырды. Уымæй уæлдай дзырдтой скъолаты æдасдзинады фарстатыл. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй фыдракæнд чи фæнд кæны, уыцы лæгмартæ æмæ терористты рагагъоммæ рабæрæг кæнын вæййы зын æмæ уый тыххæй хъæуы, цæмæй æдасдзинады хъуыддагмæ се вæрæн бахæссой æппæт ведомствæтæ дæр. Скъоладзауты тероризмы фæзындтæй бахъахъхъæныны мадзæлтты тыххæй радзырдта ахуырады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Людмилæ Башаринæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй ахуырады объекттæ бахъахъхъæной, уый тыххæй афæдз хъæуы сæдæ æстай фондз милуан сомы бæрц. Профилон ведомствæтæ ныридæгæн сарæзтой æмæ сфидар кодтой тероризмæй хъахъхъæныны домæнтæ фæндаггон картæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania