филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:16 вторник, 03 ноября 2026
28 июня 2025, 09:52
Фæстаг дыууæ азмæ Дзæуджыхъæуы туяты уавæр фæфыддæр

Аххосæгтæй иу у зианхæссæг кипарисы златкæ

Фæстаг дыууæ азмæ Дзæуджыхъæуы туяты уавæр фæфыддæр. Аххосæгтæй иу у зианхæссæг кипарисы златкæ. Фыццаг миниуджытæ специалисттæ бафиппайдтой 3 азы размæ. Ныртæккæ горæты туятæн хъыгдард сты сæ 5 проценты бæрц. Бæлæсты мониторинг æдзухдæр æххæстгонд цæуы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цæгатирыстойнаг уазæгуарзондзинад æмæ температурон фæтк фæцыдысты зæххастæу денджызон зулчъыты зæрдæмæ. Хойрагæн та сæхицæн равзæрстой хихтæ. Кипарисы златкæйы фыццаг миниуджытæ специалисттæ дзæуджыхъæуккаг туятыл рабæрæг кодтой 3 азы размæ. Уæдæй фæстæмæ хъыгдардбаййафæг бæлæсты нымæц сындæггай рæзы.

Кипарисы златкæ æнæ биологты æмæ дендрологты цæстдардæй нæ баззайдзæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ зианхæссæджы фенын æнцон нæу. Къуыдыргалмæй хъæндил куы рауайа æмæ бæлас ныууадзынмæ цæттæ куы уа, уый базонын – специалисттæн у хъæугæ информаци. Уымæн æмæ æнæмæнг уыцы рæстæг у æппæтæй хуыздæр бæлæстæ пырх кæнынæн. Ацы хъуыддаг горæты уынгты æххæст кæнын нæй, фæлæ адæмæн сæ бон у хи территоритæ пырх кæнын. Нæ камерæйы объективмæ хъæндил бахауд. Ис ын рæсугъд ахуырст, фæлæ йæ фæстæ æмбæхсынц зианхæссæг фæстиуджытæ.

Ныртæккæ хъыгдард баййæфтой горæты туятæн сæ 5 проценты бæрц. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй нырма уавæр критикон нæу. Æдзух цæуы мониторинг. Бæлæсты бур къалиуты аххосаг алы хатт кипарисы златкæ нæ вæййы. Туятæ хъыгдард æййафынц иннæ зианхæсджытæй дæр, стæй низтæй. Бæласыл златкæ кæй ис, уый сæйраг миниуæг у зæнгыл бæлвырд фæдтæ. Цы туятæ бахус сты, уыдон акалдзысты.

Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй цы бæлæстæ акалой, уыдоны бынаты ныссаддзысты ногтæ. Ацы мыггаджы садзæн æрмæг зайын кæнынц Цæгат Ирыстоны дæр. Куыстуат «Аланиялес»-ы хъомылгæнæн бынаты ис туяйы цалдæр хуызы. Се *ппæт талатæ сты хорз уавæры, кипарисы златкæ сæм нæ бахæццæ.

Зианхæссæг зулчъытæ хихджынтæй æрмæст туятæ нæ уарзынц. Капарисы златкæйы зæрдæмæ ма цæуы æхсæлы дæр. Фæлæ уый фылдæр зайы республикæйы хæххон хайы, зæгъынц специалисттæ, уым та хъæндилæн æгæр ныллæг температурæ ис. Дзæуджыхъæуы та туятæ чысыл нæй. Садзынц сæ, æрмæст аивдзинады нысанимæ нæ.

Кипарисы златкæ æмбæлы æрмæст Цæгат Ирыстоны туятыл нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр хуссайраг регионты дæр. Зулчъыты ахæм æрбабырстытæ ма уыд раздæр дæр. Зæгъæм, огневка  куынæг кодта самшит. 10 азы фæстæ та йæ къудзитæ раздæрау рæсугъд кæнынц горæт. Абон ахæм прогноз дæттынц туятæн дæр. Специалисттæ уавæрмæ дарддæр цæст дардзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania