Сывæллæттæ фылдæр æвзарынц хоккей æмæ къахдзоныгътыл аив бырыны хуызтæ
Фæстаг рæстæг Цæгат Ирыстоны парахатдæр кæнынц зымæгон спорты хуызтæ. Сывæллæттæ фылдæр æвзарынц хоккей æмæ къахдзоныгътыл аив бырыны хуызтæ. Тренировкæтæ та раттынц хорз хатдзæгтæ. Уымæн æмæ сабитæ къуыри 6 хатты вæййынц ахуырты. Æвзонг спортсментимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Цыма ихыл æндзæвгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй фигуристкæтæ уæлдæр кæнынц сæ арæхстдзинад. Иу элемент иннæйы фæдыл æмæ катокыл равзæры æцæг кафт. Дисы бафтауы æрмæст аивадуарзджыты нæ, фæлæ чызджыты сæхи дæр. Къахдзоныхтыл аив бырыны спорты Куыдзиаты Сабинæ ис 3 азæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй кæд зын у, уæддæр ын спорты ацы хуыз у уарзондæр.
Чызджытæ тренировкæ кæнынц къуыри 6 боны. Ахæм ахадгæ фæллойæн ис бæрæггæнæнтæ. Фигуристкæтæ ерысты арæх райсынц призон бынæттæ.
Ихын фæз бацахсыны фæтк минутгай фыст у. Аив фигуристкæты фæстæ катокмæ рацæуынц фидар хоккеисттæ. Тых, тагъдад, координаци… Æвзонг спортсментæ бæлвырд кусынц, цæмæй сахуыр уой æрмæст клюшкæйыл фидар хæцын нæ, фæлæ ма дуæртты цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр шайбæтæ баппарын. Тренер се ппæтмæ дæр иухуызон цæстæй кæсы. Суанг ма йæхи чызгмæ дæр – уый дæр у командæйы хай.
Стыр хатдзæгты тыххæй дзурын нырма раджы у. Сывæллæттæ æцæг хоккеимæ нырма ныр зонгæ кæнынц. Фæлæ сæйрагдæр домæн ныридæгæн бамбæрстой – ам ахсджиаг у командæйы куыст.
Спорты зымæгон хуызтæ республикæйы парахат сты. Бирæ чызджыты æмæ лæппуты фæнды сæхи бафæлварын аив бырыны кæнæ хоккейы. Кæйдæр разæнгард кæнынц зындгонд спортсментæ, кæмæндæр та цымыдисаг у ерыс кæныны процесс.
Алцыдæр райдайы фыццаг къахдзæфæй. Гæнæн ис, æмæ ныртæккæ ихыл нырма фидарæй лæууын чи ахуыр кæны, уыдонæй кæмæндæр спорты зымæгон хуызтæ суыдзысты сæ царды сæйрагдæр хъуыддаг.




