филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:38 четверг, 02 мая 2024
11 апреля 2023, 11:22
Фæзминаг разамонæг, ахуыргæнæг – Тубеты Сланбег

Хæзныдоны схъомыл уæвгæйæ йын тынг зынаргъ уыд йæ алы минæвары хорздзинад дæр

Ацы аз у ахуыргæджы аз. Уый хынцгæйæ, нæ равдысты фæнд кæнæм, уыцы дæсныйадыл хæст адæмы сгуыхтдзинæдты кой кæнын. Фæлтæртæм сын сæ фæзминаг хъуыддæгтæ хæццæ кæнын. Уыцы дæсныйадыл хæст адæмы стырдæр хæзна вæййы – сæ растзонд ахуырдзаутæ. Уыцы хъуыдыйыл хæст уыд, йæ цард сывæллæтты ахуырадæн чи балæвар кодта, уыцы Тубеты Сланбег. Фæзминаг разамонæг, ахуыргæнæг, Хæзныдоны кадджындæр хистæртæй иуы цардвæндагыл афæлгæст Сосранты Жаннæ.

Абоны уавæртимæ скъоламæ бæллыд Тубеты Хакясы фырт Сланбег. Хæзныдоны схъомыл уæвгæйæ йын тынг зынаргъ уыд йæ алы минæвары хорздзинад дæр. Æрыгон уæвгæйæ равзæрста ахуыргæнæнджы дæсныйад. Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæгæй дæр уыцы куысты йæ уды хъару чи æвæра, уымæн йæ алфамбылайы чи  уа, уыдонæн дæр йæ æнæ бамбарæн нæй.

Сланбегæн йæ зонд æмæ йæ уæздандзинады фæрцы йæ царды фæндаг уыд алкæддæр адæмы аккаг. Йæ бон уыд Дзæуджыхъæуы цæрын, стырдæр ахуыргæнæндæдты кусын, уæвгæ кусгæ дæр кодта хъæууон хæдзарады институты. Фæлæ, æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта йæ райгуырæн хъæу, Хæзныдон, уымæй та  йæ зæрдæ дзырдта, уырдæм. Æмæ йын бантыст фæстæмæ æрæздæхын. Сси хъæуы скъолайы директор.

Уыцы рæстæг бирæтæ хъуыды кæнынц. Уæд, цыбыр рæстæгмæ, ахуыргæнæндон хаст æрцыд æрмæст районы хуыздæрты номхыгъдмæ  нæ, фæлæ республикæйы.

Сланбег стыр æргом æздахта ахуыргæнджыты æмæ скъоладзауты хсæн æгъдæуттæ фидар кæныныл. Ацы бон дæр ын мысынц йæ уæздан ныхас, куыд фæлмæнæй иу бамбарын  кодта алкæмæн йæ рæдыд, бацамыдта растдæр фæндаг.

Сланбег æдзухдæр агуырдта гæнæнтæ скъоладзауты, ахуыргæнджыты  авналæнтæ фæпарахатдæр кæнынæн. Уæдæ скъолайы æрыгон ахуыргæнджытæ та иу  сæхимæ æрбахуыдта æмæ сын уым уæлæмхасæн зонындзинæдтæ раттыныл архайдта.

Хъæубæсты нымад æмæ кадджындæр нæлгоймæгтæй иу Тубеты Сланбег адæмæн æгъдау радтынмæ уыди фыццæгты хсæн. Йæ царды фæндаг дæр аскъуыд, уыцы фæндагыл цæугæйæ. Зианæй здæхгæйæ фæндаггон фыдбылыз æрцуд æмæ Тубеты хох, Хæзныдоны фидауц æрбайсафт йæ зæххон  цардæй.

Йæ ном, йæ хæларзæрдæ уд ацы бон дæр рох не сты Хæзныдоны цæрджытæй. Йæ фæллæйттæн та царды цыдимæ дæр аргъгонд цæуы. Йæ дзæбæх, адæмуарзон фæдонтæ та йын йæ кад хæссынц дарддæр. Йæ фырт Тубеты Роберт разамынд дæтты Хæзныдоны скъолайæн. Куыд зæгъы, афтæмæй йыл стыр хæс æвæры йæ фыды ном,йæ кад.

Фæлтæртæ кæрæдзи ивынц, фæлæ фыды фарн дарддæр хæсджытæ та æвæццæгæн æвзæрст адæм сты. Æмæ Тубеты Сланбеджы цард кæд æнæнхъæлæджы аскъуыд, уæддæр ацы бон, цæмæ бæллыд, уыцы хъуыддæгтæ царды сæ бынат арынц. Йæ рæстæджы дзы цы ног скъола арæзт æрцыд, уым ын кæд бирæ рæстæг бакусын нал бантæст, уæддæр йæ зæрдæ рухс кодта – зæронд дурæй амад ахуыргæнæндоны бæсты хъæуы кæй фззынд дыууæуæладзыгон бæстыхай. Кæд уæд директорæй нал куыста, йе нæниздзинадмæ гæсгæ йæхи йæ бынатæй суæгъд кæнын кодта, уæддæр скъолайы иу хъуыддаг дæр æнæ уый уынаффæйы нæ кодтой. Йæ уæззау зонд æмæ йæ  фæлмæн уды миниуджытæ та йын ныр дæр хæссынц дæнцæгæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania