филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 четверг, 25 апреля 2024
25 мая 2022, 11:26
Фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæныныл æрныхас кодтой регионалон штабы æмбырды

Амыдта йæ вице-премьер Бокоты Эльбрус

2022-æм-23-æм азты фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæныныл æрныхас кодтой регионалон штабы æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Бокоты Эльбрус. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр радзырдта, ацы куыст æххæстгæнгæйæ кæй хъæуы бацæттæ кæнын 195 хъармгæнæны, 242 километры хъармдæттæг хызтæ, мин æмæ *рдæг доны æмæ 960 километры канализацион хызтæ. Сæрмагонд æргом аздахын хъæуы бирæфатерон хæдзæртты уавæрмæ. Уыдон сты 2 мины онг. Таматы Майрæн бабар кодта, сентябры кæронмæ хъармгæнæнты куыст фæлварæн хуызы сбæлвырд кæнын. Дзырдтой ма, хъæдты зынгсирвæзтытæ ма бауадзыны архайды тыххæй. Бæрнон ведомствæтæ фехъусын кодтой, ацы хъуыддагмæ лæмбынæг цæстдард кæй цæуы. Фæлæ ис лыггæнинаг фарстатæ дæр. Зæгъæм, Цъæйы комы зынгсирвæзтытæй тæссаг у, æмæ сæ афоныл хуыссын кæныны фадат арæх нæ вæййы. Алагиры районы администрацийæн бабар кодтой, ацы фарстайыл бакусын фæлладуадзæн базæты разамонджытимæ, æмæ Æрæфы районы дæнцæгмæ гæсгæ сæххæст кæнын бархион зынгхуыссæн къордты архайд. Ноджыдæр ма иу фарста – паддзахадон хатдзæгтæгæнæн аттестацимæ цæттæдзинад. Бокоты Эльбрус бабар кодта профилон организацитæн, цæмæй фæлварæнтæ кæм арæзт цæудзысты, уырдæм электрон тых æнæ къуылымпытæй хæццæ кæна.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania