филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:00 вторник, 07 мая 2024
11 августа 2020, 12:09
Фидæны аз Дзæуджыхъæуы аразын райдайдзысты сывæллæтты æмæ фæсивæды курдиат райхалыны Центр

Бынат дзы уыдзæн 50 адæймагæн

Фидæны аз Дзæуджыхъæуы аразын райдайдзысты сывæллæтты æмæ фæсивæды курдиат райхалыны Центр. Бынат дзы уыдзæн 50 адæймагæн. Ахуыртæ цæудзысты  «культурæ», «наукæ» æмæ «спорт»-ы къабæзтæм гæсгæ. Проектон офисы радон æмбырды республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабар кодта ацы азы кæронмæ бацæттæ кæнын æппæт документтæ. Цæмæй 2021-æм азы ноябры райдайой арæзтадон куыстытæ. Ныхас цыд, курдиатджын сывæллæттимæ чи кусдзæн, уыцы ахуыргæнджыты сбæрæг кæныныл дæр. Центры проект цæттæ у, бæрæг у йæ аргъ æмæ зæххы хай. Хъæуы ма райсын паддзахадон экспертизæйы разыдзинад. Ахуырадон фонд «Талант и успех»-ы фондæй Центр сифтонг кæнынæн радих кæндзысты 350 милуан сомы федералон фæрæзтæй. Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой программæ «Ахуырад»-ы æндæр ахсджиаг проектты фарстатыл дæр.

Проектон офисы æмбырды ма æркастысты, Хохы Карцайы аграрон хъæу саразыны проектмæ. Хъæппæрисы автор Дзебысаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй нысан кæнынц 350 стуры балхæнын. Уыцы куыст цæудзæн республикæйы хъæууон хæдзарады министрады программæтæ «Райдайгæ фермер» æмæ «Бинонты фосдарынады фермæ» æххæст кæнгæйæ. Ныртæккæ аграрон хъæу баиу кодта 8 хæдзарады. Дзебысаты Таймураз фермерты номæй Битарты Вячеславæн ракодта арфæ, фыццаг хæххон кооператив саразынæн кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы проекты фæрцы Цæгат Ирыстон ахадгæ къахдзæф акодта агропромышленнон комплексы æмæ туристон кластеры.

Æмбырды ма æркастысты, мæгуырдзинадимæ тох кæныны проект дарддæр куыд æххæстгонд цæудзæн, ууыл. 2021-æм азы сæрмагондæй ацы проект æххæст кæнынæн радих кæндзысты 150 милуан сомы. Фæкæсынхъуаг бинонтæн, социалон контрактмæ гæсгæ бадзырд бафысгæйæ, фадат уыдзæн субсидитæ райсынæн сæхи бизнес байгом кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ацæудзысты ахуырад æмæ райсдзысты æндæр æххуысы мадзæлттæ. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад ныртæккæ аразы фæкæсынхъуаг бинонты номхыгъд. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддагмæ хъæуы бæрнон цæстæй кæсын, цæмæй æххуыс райсой, æцæгæйдæр кæй хъæуы, ахæм адæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania