филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:04 суббота, 27 апреля 2024
17 ноября 2022, 11:26
Футболон академи «Алани»-йы æвзонг хъомылгæнинæгтæ размæ кæнынц æнтыстджын къахдзæфтæ

Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæнынц æппæтуæрæсеон æмæ регионалон ерысты

Футболон академи «Алани»-йы æвзонг хъомылгæнинæгтæ размæ кæнынц æнтыстджын къахдзæфтæ. Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæнынц æппæтуæрæсеон æмæ регионалон ерысты. Уæрæсейы футболон цæдисы Кубок рамбулыны ерысты бацахстой дыккаг бынат. Сочийы турниры та систы уæлахиздзаутæ. Уымæй дарддæр ма сын лæвæрд æрцыдысты хицæн призтæ. Æвзонг футболисттæм ис иумæйаг бæллиц – алы хъазты дæр рамбулын. Уый цæмæй къухы бафта, уый тыххæй та хъæуы æнæрлæугæйæ тренировкæтæ кæнын. Уæлахизмæ тырнæг фæсивæды тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ахæм æвзонгæй дæр ацы лæппутæ æнтыстджынæй Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæнынц æппæтуæрæсеон ерысты. Ацы бонты цы турниртæ ацыдысты, уым футболы Академи «Алани»-йы хъомылгæнинæгтæ 3 хатты схызтысты пъедесталмæ. Афтæмæй фидарæй зæгъæн ис, сæ зæрдиаг тренировкæтæ дзæгъæлы кæй нæ уыдысты, уый.

10 бонмæ 6 матчы! Афтæмæй 14-аздзыд футболисттæ æфтыдтой сæ фæлтæрддзинадыл. Уæрæсейы футболон цæдисы Кубок рамбулыны ерыстæй дарддæр ма уыцы-иу рæстæг не спортсментæ архайдтой регионты хсæн турниры дæр. Афтæмæй нæ лæппутæ уæрæсейаг ерысты бацахстой дыккаг бынат. Регионты хсæн турниры та æрдæгхъахъхъæнæг Диниил Кудашевы фæхуыдтой Уæрæсейы фæсивæдон иугонд командæмæ.

2010-æм азы гуырд æвзонг футболисттæ та уæлахиздзаутæ систы кубок «IMSPORT» рамбулыны ерысты Сочийы. Сæ ныхмæлæуджытыл се ппæтыл дæр фæд-фæдыл фæуæлахиз сты. Футболон академи «Алани»-йы футболисттæ 6:0 хыгъдæй рамбылдтой футболон клуб «Рассвет» Красноярскæй.

16-аздзыд футболисттæ дæр нымад æрцыдысты хуыздæртыл. Абдулманап Нурмагомедовы номарæн турниры Дагестаны не мзæххонтæ бацахстой дыккаг бынат. Уымæй дарддæр ма сын лæвæрд æрцыдысты хицæн призтæ. Ерысты хуыздæр бомбардирыл банымадтой Тадтаты Арсены, дуаргæс та Калоты Тамерлан.

Æвзонг футболисттæм ис иумæйаг бæллиц æмæ нысан – алы хъазты дæр рамбулын. Уый цæмæй къухы бафта, уый тыххæй та хъæуы æнæрлæугæйæ тренировкæтæ кæнын. Афæдзæй-афæдзмæ спорстменты æнтыстдзинæдтæ кæнынц хуыздæрæй-хуыздæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania