Цыппурсы чемпионаты архайдтой командæтæ Цæгат Ирыстонæй, Краснодары крайæ æмæ Дагестанæй
Футболы академи «Алани»-йы арæзт æрцыд ацы сезоны фыццаг турнир. Цыппурсы чемпионаты архайдтой командæтæ Цæгат Ирыстонæй, Краснодары крайæ æмæ Дагестанæй. Уæвгæ ахæм сæргондимæ турнир нæ республикæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт. Фæлæ специалистты хъуыдымæ гæсгæ та бæлвырд спортивон мадзæлттæ фæцæуынц рæстæгæй-рæстæгмæ. Ахсджиаг у спортивон ерысхъомдзинадыл кусын, æмæ командæты фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнын. Уымæй дарддæр ма Цыппурсы турнир фадат дæтты æвзонг футболисттимæ хуыздæр базонгæ уæвынæн. Спортивон мадзал бабæрæг кодта республикæйы спорты министр Хуадонты Артур. Трибунæты та æрæмбырд сты æвзонг чемпионты хæстæджытæ æмæ хиуæттæ. Турниры уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты футболы академийы, 18-æм январы.




