филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 вторник, 03 ноября 2026
01 августа 2026, 16:08
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд дарддæр æххæст кæны сæрмагонд программæ

Уый фæрцы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй уæззау цæфтæ чи райста, уыдоны ифтонг кæнынц адаптивон уæлæдарæсæй

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд дарддæр æххæст кæны сæрмагонд программæ. Уый фæрцы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæй уæззау цæфтæ чи райста, уыдоны ифтонг кæнынц адаптивон уæлæдарæсæй. Программæ расидт Уæрæсейы Президент. Йæ сæйраг нысан у æфсæддон хъайтарты æрвылбоны цард фæрогдæр кæнын æмæ сын социалон реабилитацийы баххуыс кæнын. Ахæм уæлæдарæс сын дæттынц лæвар. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Козырты Таймураз сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацыд 2022-æм азы мартъийы. Йæ фæсном уыди «Стриж». Сентябры та æрыздæхт йæ райгуырæн Цæлыкмæ. Къуырийы фæстæ райдыдта мобилизаци. Æфсæддон комиссарадæй йæм куы фæсидой, уымæ æнхъæлмæ нæ касти. Афтæмæй ногæй ацыд тохы быдырмæ, фæлæ ног фæсномимæ. «Цæлык» куыд радзырдта, афтæмæй йæ фæндыд йе мбæлтты фарсмæ æрлæууын, æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын.

2023-æм азы батальон «Шторм. Осетия»-йы сгарæн къорды хыгъды Таймуразы арвыстой æфсæддон хæсмæ. Афтæмæй фæци уæззау цæф.

Таймуразы уавæр æнцонтæй нæ уыд. Тæссаг ын уыд æнæ иу къахæй баззайынæй. Фæлæ дохтырты арæхстдзинады æмæ йæхи ныфсхастдзинады фæрцы къах бантыст бахъахъхъæнын. Фæстаг операци йын скодтой Цæгат Ирыстоны. 2025-æм азы райдиан Козырты Таймураз æххуысагур бацыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Фондмæ. Уым ын баххуыс кодтой инвалиды æвдисæндар райсын. Уымæй дарддæр ын баххуыс кодтой психлолгон æгъдауæй дæр.

Æрæджы Таймуразæн радтой сæрмагонд адаптивон уæлæдарæс. Уый æвзаргæйæ кæсынц æнæниздзинады уавæрмæ, йæ гæнæнтæм æмæ индивидуалон хицæндзинæдтæм. Алкæмæн дæр раттынц æртæ комплекты: зымæгон, сæрыдгон æмæ сезонты хсæн дæрæн кæй ис, ахæм. Æдæппæтæй 12 дзаумайы: куыд уæлæдарæс, афтæ мидæггæгтæ дæр.

Ивгъуыд азы сæрдæй фæстæмæ фонд уæлæдарæсæй баххуыс кодтой 20 ветеранæн. Уæвгæ та сæ бæрны ис, ивалиды æвдисæндаримæ 300 æфсæддоны. Уыдонæй 94 сты уæззау хуызы. Бирæтæ сæ ныридæгæн балæвæрдтой курдиат æнцонвадат уæлæдарæс райсыны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania