филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:33 пятница, 19 июня 2026
25 апреля 2026, 12:36
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал æппынæдзухдæр архайы ууыл, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ сæ фæллад уадзой пайдаимæ

Ацы хатт абалц кодтой Цæгат Ирыстоны сыгъдæг æмæ зæрдылдарæн бынæттæм

Экскурситæ, бæхтыл тезгъо, сфæлдыстадон изæртæ. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал æппынæдзухдæр архайы ууыл, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ сæ фæллад уадзой пайдаимæ. Ацы хатт абалц кодтой Цæгат Ирыстоны сыгъдæг æмæ зæрдылдарæн бынæттæм. Стыр æргом аздæхтой удварны хæзнатæм. Экскурсийы архайдтой 20 адæймаджы онг. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Адæймаджы уд уæззау æнкъарæнтæй куы байдзаг вæййы, уæд бирæ хæттыты йæ фæндаг скæны аргъуанмæ. Афтæ дзуры сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Уалыты Акакий. 2022-æм азы хъахъхъæдта Херсоны æмæ Запорожьейы облæсттæ. Цалынмæ уыцы аз декабры уæззау цæф нæ фæци, уæдмæ.

Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны банкъарæн ис дины æмæ рухсы тых. Санахъоты Ларисæ йæ фыртмæ æнхъæлмæ кæсы ныр 4 азы дæргъы. Цæгат Ирыстоны сыгъдæг бынæттæм цымыдисаг балц ын сси стыр ныфсы хос. Уымæй та тынг бузныг у «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» Фонды филиалæй.

20 адæймаджы онг архайдтой экскурсийы. Алчидæр сæ базыдта бирæ ног хабæрттæ Цæгат Ирыстоны зæрдылдарæн бынæттæй. Уымæй дарддæр аныхас кодтой дины кусджытимæ, скуывтой Хуыцаумæ. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» Фонды филиал æнгом æмгуыстад кæны Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархиимæ. Йæ минæвæрттæ арæх сæмбæлынц æфсæддонтимæ, сæ бинонтимæ. Бакæнынц сын гуманитарон æмæ удварны æххуыс.

Ахæм бынæттæ уд кæнынц сыгъдæгдæр. Сойын цырæгътæ куы фæсудзынц, уæд адæймаджы миддунейы æрбынат кæнынц дин, сабырдзинад æмæ уарзондзинад. Уыцы рухс та зæрдæйы баззайы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania