филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:37 воскресенье, 31 мая 2026
30 мая 2026, 09:32
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды цæгатирыстойнаг филиалыл сæххæст 3 азы

Уыцы рæстæгмæ куыстуатмæ уыд 27 мин курдиаты онг

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды цæгатирыстойнаг филиалыл сæххæст 3 азы. Уыцы рæстæгмæ куыстуатмæ уыд 27 мин курдиаты онг. Абон йæ дæлбар чи ис, уыдон æрмæст медицинон æмæ психологон æххуыс нæ исынц, фæлæ ма сæхæдæг свæййынц зондамонджытæ, социалон координатортæ æмæ спортсментæ. Фонды куысты тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Дудайты Марат Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы патриотон хъомылады фæдыл зондамонæджы бынаты фыццаг бон ис. Контрактник, артиллерист, Запорожьейырдыгæй тохты архайæг. Уæззау цæфы æмæ йæ къахы ампутацийы фæстæ ахуыр кодта ногæй цæрын. Абон æм ис фæндтæ: фæсивæдимæ кусын, службæйы, æцæг лæгдзинады, Фыдыбæстæйы раз хæсы тыххæй дзурын. Йæ фарсмæ сты йæ бинойнаг æмæ гыццыл чызг Виктория.

Йе нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ службæ ныууадзгæйæ, Марат ацыд реабилитаци, уый фæстæ фæсидт «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фондмæ. Ныртæккæ йæхæдæг у, уæззау фæлварæнты фæстæ, куыд ис ног хъуыддаг ссарын, уый дæнцæг.

Леуанты Алыксандрæн «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды æххуысæй цы къухæй тæргæ машинæ райста, уый сси хуымæтæг цардмæ æрыздæхыны нысан. Сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй уыд фронты, уæззау цæфы фæстæ бахъуыд зæнгты ампутаци. Фæлæ йæм разынд размæ тырныны ныфс: архайы спортæй, æххуыс кæны иннæ хæстонтæн. Куыд зæгъы, афтæмæй машинæ тæрын йæхи бон кæй у, уый йын ахсджиаг хъуыддаг у.

Фонды регионалон филиалæн активонæй æххуыс кæны республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ветеранты, чи фæмард, уыцы хæстонты бинонты уавæрмæ æдзух цæст дары. Сæвæрдта хæс – æппæт хъæугæ æххуыс æвæстиатæй кæнын. 3 азы куыстмæ фонды филиалмæ уыд 27 мин курдиатæй фылдæр. Сæ фылдæр лыггонд æрцыдысты. Медицинон æмæ психологон æххуыс, куысты бынæттæ ссарын, цæрæнуæтты адаптаци, ахуырад – æххуысы системæ уæрæхдæр кæны. Республикæйы куыстæй æххæст сты дæсгай ветерантæ, сæдæгæйттæ райстой æххуыс реабилитаци æмæ социалон адаптацийы фарстайы.

Пандустæ, сæрмагонд хъæддзаума, уæлæдарæс, ног дæсныйад æмæ активон цардмæ æрыздæхыны гæнæн… Фонды æххуыс раджы рацыд консультацион куысты арæнтæй. 3 азмæ 3 мин адæймаджы онг райстой медицинон æххуыс, мин сæдæ фæндзай адæймаджы – психологон æххуыс. Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы ветерантæн сæ цæрæнуæттæ адаптаци кæнынц, къухæй тæргæ машинæтæй æххæст кæнынц, æххуыс кæнынц ахуырад æмæ куысты бынæттæ райсын. Бирæ ветерантæ сæ цард бæттынц фæсивæды патриотон хъомыладимæ. Рацæуынц спортивон фæзтæм, уæлахиз кæнынц æппæтуæрæсеон турнирты. Ахæм алывæрсыг архайд хæстонтæн æххуыс кæны сомбонмæ ныфсджынæй кæсын.

3 азмæ фонд хуымæтæг куыстуат не сси, фæлæ ногæй цæрын кæм ахуыр кæнынц, ахæм бынат. Ам цæттæ кæнынц гæххæттытæ, агурынц куыст, æххуыс кæнынц бинонтæн æмæ хъахъхъæнынц хъæбатырты намыс. Сæйрагдæр та у, хъахъхъæнджытæн æмбарын кæнынц, службæйы фæстæ сæ зындзинæдтимæ иунæгæй нæ баззайдзысты. Æмæ ветерантæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын уый у æппæтæй ахсджиагдæр æххуыс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania