Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм уый, æмæ сын æххуыс кæнынц протезтæ æлхæнынæн, стæй спортæй архайынæн
«Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты фонды» регионалон хайад дарддæр ахадгæ æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм уый, æмæ сын æххуыс кæнынц протезтæ æлхæнынæн, стæй спортæй архайынæн. Ахæм ахсджиаг лæвар райста Годжысаты Сослан. У республикæйы ветеранты иугонд командæйы капитан волейболæй. Уымæй дарддæр ма йæ тыхтæ æвзары армрестилингы дæр. Ахæм протезтæ райстой 12 адæймаджы. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Годжысаты Сослан сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыдис 2022-æм азы. Службæ кодта Запорожьейы *рдыгæй батальон «Сæрмæт»-ы 429-æм полчы. Йæ хæстон хæс хъæбатырæй æххæст кодта мысанæхсæн æфсады. Афтæ уыдаид уæлахизы онг дæр, фæлæ йæ хъысмæт рауадис æндæрхуызон.
Ахæм уæззау цæф фæцудын кæндзæн цавæрфæнды адæймаджы дæр, фæлæ Сосланы — нæ. Куы фæдзæбæх, уæд йе*ргом аздæхта спортмæ. Армрестлингæй йын бантыст спорты мастер суæвын. Архайдта волейболæй æмæ пауэрлифтингæй дæр. У бадгæйæ волейболæй Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы капитан. Сосланæн спорт у æцæг терапийæ.
Сослан активон цард кæны спортивон протезы руаджы. Уый балхæнынæн ын баххуыс кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды республикон филиал.
Сосланимæ иумæ протезтæ райстой сæрмагонд æфсæддон операцийы 11 архайæджы. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал протезтæ аразæг центртимæ кæны æмгуыстад.
Республикæйы адаптивон спорты хуызтæй архайынц инвалидтыл нымад 30 ветераны. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал сын ратты дарæс æмæ спортивон ифтонггæрзтæ. æнтысджын социалон адаптацийы ахсджиаг хай — хъæугæ медицинон æххуыс райсын дæр.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн сабыр царды рæстæг ныфсджын къахдзæфтæ кæнын æнцон нæу. Фæлæ сæ фарсмæ æххуысгæнджытæ куы *рбалæууы, уæд зындзинæдты сæрты рогдæрæй ахизынц. Годжысаты Сосланы истори — уымæн *вдисæн. Йæ хъаруйы руаджы æмæ фонды æххуысæй йæ бон у дарддæр цæрын, спортæй архайын, фидæнмæ рæсугъд нысантæ *вæрын.




