филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:12 вторник, 03 ноября 2026
05 марта 2020, 19:02
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты æппæт цæрæнуæтты лæггæдты фиддонтæй суæгъд кæнын

Ацы федералон хъæппæрис абон хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны депутаттæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты æппæт цæрæнуæтты лæггæдты фиддонтæй суæгъд кæнын. Ацы федералон хъæппæрис абон хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстоны депутаттæ. Уымæй уæлдай, парламенты уæнгтæ æрныхас кодтой коррупцийы ныхмæ мадзæлттыл, æрдзхъахъхъæнынады, амалхъомдзинады, медицинæйы æмæ социалон хъахъхъæнынады фарстатыл. Æмбырды стыр æргом здæхт æрцыди ахуырады темæмæ. Закъоны проект куыд амоны, афтæмæй сывæллонæн бар ис, йе фсымæр, кæнæ йæ хо кæм ахуыр кæнынц, уыцы скъоламæ бацæуынæн. Уæвгæ скъолаты раздæр дæр уыди ацы системæ. Ныр та депутаттæ рахастой уынаффæ, цæмæй  процедурæ цæуа закъонмæ гæсгæ. Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бахаста, проектыл хуыздæр бакусыны фæндон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania