филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:33 пятница, 19 июня 2026
23 апреля 2026, 10:37
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтардзинад чи равдыста, уыдоны номыл æртæ азы арæзт æрцæуы бæхтыл дугъ

Йæ сног кæныныл бацархайдтой проект «Æнусон хъайтарты» фæлгæты

Царды цыдимæ кæд нырыккон гæнæнтæ æнцондзинад хæссынц адæмæн, уæддæр рагон хъуыддæгтæ рох кæнын кæй нæ хъæуы. Ууыл кусынц Хæзныдоны цæрджытæ. Сног кодтой фыдæлты æгъдау – бæхтыл дугъ.  Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтардзинад чи равдыста, уыдоны номыл æртæ азы арæзт æрцæуы бæхтыл дугъ. Ацы æгъдауыл адæм фидар хæст уыдысты советон рæстæг. Йæ сног кæныныл бацархайдтой проект «Æнусон хъайтарты» фæлгæты. Фыццаг дугъ арæзт æрцыд  Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Боллоты Хъазыбеджы райгуырды 100 азы бонмæ. Уæдæй фæстæмæ алы аз дæр конд цæуы Хъазыбеджы фырт  Боллоты Таймуразы фæрæзтæй, Хæзныдоны цæрджытимæ. Азæй азмæ йæ архайджыты географи  æмæ нымæц кæны фылдæр.  Ацы аз бæхтыл дугъ арæзт æрцæудзæн 9-æм майы. Дугъы архайджытæй æнæрхъуыдыйæ ничи баззайы. Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæуынц æхцайы премитæй, кады гæххæттытæй, кубоктæй, стæй сын арæзт æрцæуынц бæрæгбоны фынгтæ. Æппæт барджытæм дæр æнхъæлмæ кæсынц 9-æм майы, Хæзныдоны Культурæйы артдзæсты цур 9 сахатмæ. Боныхъæд дугъы цыдмæ бар нæ дардзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania