филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:41 вторник, 03 ноября 2026
09 апреля 2026, 10:32
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 81 азы бон сбæрæг кæныны мадзæлттыл ныхас цыди оргкомитеты æмбырды

Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы нысан кæнынц 2 сæдæ мадзалы саразын

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 81 азы бон сбæрæг кæныны мадзæлттыл Сергей Меняйлойы разамындæй ныхас цыди республикæйы организацион комитеты æмбырды. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы нысан кæнынц 2 сæдæ мадзалы саразын. 9-æм майы Сæрибары фæзы традицимæ гæсгæ уыдзæн Уæлахизы Парад. Сергей Меняйло бахæс кодтой Парады архайынмæ ЦИПУ-йы ахуырадон центры курсантты, республикæйы скъолаты кадетон кълæсты ахуырдзауты æмæ хъазахъхъæгты æргом раздахын. Уымæй уæлдай, Сæргълæууæг фæсидт мидхъуыддæгты министрадмæ æмæ Уæрæсейы гвардимæ, цæмæй уыдон дæр се вæрæн бахæссой Парадмæ. Уæлахизы бон хъæбатырты фæдонтæ акци «Æнæмæлгæ полчы» фæлгæты хæстонты портреттимæ рацæудзысты Сабырдзинады проспекты. Уыцы бон Сергей Меняйлойæн фембæлд уыдзæни Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантимæ, фронты фæсчъылдым чи архайдта, уыдонимæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ. Æппæт рекламон конструкцитыл бакæндзысты хæсты архайджыты портреттæ. Æмбырды хицæнæй æрныхас кодтой æдасдзинады домæнтæ æххæст кæныныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania