филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:36 суббота, 18 мая 2024
26 августа 2022, 11:56
Галаты Барисы оперæ «Нарты Батрадз»-ы 80 азы бонмæ байгом уыдзæн равдыст «Тугъанты Махарбег æмæ Галаты Барис: генийты æмхæларад»

Уый фæдыл арæзт æрцыд пресс-конференци

Галаты Барисы оперæ «Нарты Батрадз»-ы 80 азы бонмæ байгом уыдзæн равдыст «Тугъанты Махарбег æмæ Галаты Барис: генийты æмхæларад».Уый фæдыл арæзт æрцыд пресс-конференци. Ныхас дзы цыд композиторы æмæ дирижеры цардыл стæй экспозицийы актуалондзинадыл. Равдысты фенæн уыдзæн 40 рагон экспонаты, сæ мыхуыргонд къопитæ. Уымæй дарддæр аивадуарзджытæ аргъ скæндзысты оперæты партитурæтæн, оркестры партитæн, либреттойæн, оперæ «Нарты Батрадзы» музыкалон пъланæн æмæ бирæ æндæр цымыдисаг хъуыддæгтæн. Равдыст байгом уыдзæн абон. Гом арвы бын ма Тугъанты Махарбеджы цыртдзæвæны раз Цæгат Ирыстоны филармонийы камерон оркестр ацæгъддзæн оперæ «Нарты Батрадзæй» скъуыддзаг æмæ æндæр зындгонд симфонион уацмыстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania