Ахуырты размæ скъолайы кæрты кадетты къласы ахуырдзаутæ сарæзтой кадджын æмбырд
Дзæуджыхъæуы гимназ «Диалог» у нæ республикæйы фыццаг ахуыргæнæндæттæй иу, патриотон хъомылады тыххæй Уæрæсейы рухстауыны министр Сергей Кравцовы хъæппæрисы фарс чи рахæцыд, уыдонæй. Ахуырты размæ скъолайы кæрты кадетты къласы ахуырдзаутæ сарæзтой кадджын æмбырд. Уæрæсейы Федерацийы гимны зæлтæм хъусгæйæ, уæларвмæ систой нæ бæстæйы тырыса. Нырма уал ацы механизмыл хъæуы бакусын, зæгъынц скъолайы. Фæлæ 1-æгæм сентябрæй фæстæмæ ахæм практикæ суыдзæн традицион. Скъоладзаутæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй разы сты ацы хъуыддагæй. Нырæй фæстæмæ сæ къуыри иу хатт хъæудзæн гыццыл раздæр æрбацæуын, цæмæй ахæм куыст ногæй æмæ ногæй бакæной, уый тыххæй. Æрмæст афтæмæй кæстæр фæлтæрмæ гуырын кæнынц æмæ фидардæр кæнынц патриотон æнкъарæнтæ.