филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:13 пятница, 17 мая 2024
18 февраля 2022, 12:11
Годзойты Гурамы фæрцы шахмæттæм æмхиц чи у, уыдонæн диссаджы лæвар

Уыимæ сæнусон кодта, йæ цард фæсивæды хъомыладæн чи снывонд кодта, уыцы Хуытъиаты Барисы ном

Дигорайы цæрæг Годзойты Гурамы куыстуарзондзинады  фæрцы абоны æмæ  фидæны фæлтæртæн, уæлдайдæр та шахмæттæм æмхиц чи у, уыдонæн ракодта диссаджы лæвар.  Уыимæ сæнусон кодта, йæ цард фæсивæды хъомыладæн чи снывонд кодта, уыцы Хуытъиаты Барисы ном. Кудæй, уый базыдта Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Хуытъиаты Барисы ном æнзонгæ нæу Дигорайы цæрджытæн. Кæд йæ цардæй ахицæн, уæддæр йæ ном цæры адæмы зæрдæты.

Барисы цард æнцондæртæй нæ уыд, фæлæ уæддæр йæхимæ ардта хъару кæстæртæн рæсугъд фидæн аразынæн. Æппынæдзух йæхиуыл кусгæйæ амынддзинæдтæ хаста кæстæр фæлтæртæм. Уымæн æвдисæнтæ бирæ ис, фæлæ сæ фылдæр дзыллæ цæмæй фена, стæй сæ царды пайда кæной, ууыл куыст æрцыд. Годзойты Гурам йын йæ шахмæттæй архайды истори æмæ  зонындзинæдтæ чиныджы хуызы рахаста æхсæнадмæ.

Барис, Дигорайы цы бирæ фæлтæртæ бабаста шахмæттыл, уыдон дзæвгар сты.  Се хсæн абоны шахмæтты ахуыргæнджытæ.

Уæвгæ ныр цы гæнæнтæ ис, уыдонимæ къаддæр рæстæг хъæуы  скъоладзаутæн шахмæттæй хъазынæн этюдтæ саразынæн.

Барис та йæхи къухтæй, газеттæй æрмæг слыг кæнгæйæ арæзта хæслæвæрдтæ, Дигорайы цы шахмæтты скъола сарæзта, уый  ахуырдзаутæн.

Таматы Таймураз, Барисы амынддзинæдты  фæрцы, уæлахиздзау сси бирæ алы æмвæзады турнирты шахмæттæй. Йæ иу хъазты бæрæггæнæнтыл сæмбæлдтæн Барисы æмбырдгонды.

Ныр Хуытъиаты   Барисы къухфыстытимæ базонгæ уæвæн ис иу чиныджы. » Выдающиеся шахматисты всех времен и народов » дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Рухс федта  зæрдæхæлар æдæмы фæрцы.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр æмæ Хуытъиаты Барисы чиныгæн презентаци арæзт кæй æрцыд Мæскуыйы Уæрæсейы Паддзахадон   наукон –техникон библиотекæйы. Уыцы хабарыл Годзойты Гурам æмæ йе *мбæлттæ уæлдай цин  бакодтой. Уырны дзы, кæй  сын бантысдзæн чиныг баххæст кæнын, Барисы иннæ куыстытæй. Кæцытæ пайдайаг уыдзысты фидæны шахмæтисттæн. Хуытъиаты Барисы ном та, кæд ын сывæллæттæ нæ сæнтæст, уæддæр йæ фæллæйттæ æмæ рæстуды фæрцы цæрдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania