филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:23 суббота, 18 мая 2024
01 декабря 2020, 12:49
Горæтгæрон районы администрацийы хъæппæрисæй арæзт æрцыд пресс-тур социалон объекттыл

Бæстон æркастысты, ныридæгæн эксплуатацийы кæй радтой, æмæ ма куыстытæ кæм цæуынц, ахæм арæзтæдтæм

Горæтгæрон районы администрацийы хъæппæрисæй арæзт æрцыд пресс-тур, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттыл. Бæстон æркастысты, ныридæгæн эксплуатацийы кæй радтой, æмæ ма куыстытæ кæм цæуынц, ахæм арæзтæдтæм. Боны фæткмæ гæсгæ æркастысты амбулаторитæм, фельшерон-акушерон пункттæм, скъолатæм, рæвдауæндæттæм, фæлладуадзæн зонæтæм æмæ фæндæгты уаццæгтæм районы 8 хъæуы. Фæстаг дыууæ азмæ Горæтгæрон районы арæзт æрцыдысты дыууæ рæвдауæндоны, дыууæмæ та ма скодьтой уæлæмхасæн арæзтæдтæ. Ацы мадзæлттæ конд æрцыдысты, бынæттæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ. Октябрьскæйы 10-æм рæвдауæндонмæ цыдысты сыхаг хъæуты сывæллæттæ дæр. Уымæ гæсгæ ма дзы фæзынд уæлæмхасæн арæзтад. Сабитæн ног объекттæ та сарæзтой Куырттаты æмæ Иры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania