филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:58 вторник, 21 мая 2024
28 июня 2022, 12:46
Горæтгæрон районы фæсивæды бон сбæрæг кодтой Нарты хъæзтытæй

Октябрьскæйы стадионы æрæмбырд сты республикæйы æппæт районтæй командæтæ

Горæтгæрон районы фæсивæды бон сбæрæг кодтой Нарты хъæзтытæй. Октябрьскæйы стадионы æрæмбырд сты республикæйы æппæт районтæй командæтæ. Бафæндыди сæ сæхи бафæлварын ирон адæмы традицион ерысты. Турнир арæзт æрцыд спорты 9 хуызæй. Се хсæн: фатæй æхсын, бæндæн ивазын, рæттыл хъæбысæй хæцын, дур дардмæ æппарын, æмæ афтæ дарддæр. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзæн Цæгат Ирыстоны хуыздæр командæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турниры бацархайыны фадат ис, 18 азæй 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм æрыгон адæмæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania