филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:14 среда, 15 мая 2024
10 января 2020, 12:53
Готъойты Георгий Цæгат Ирыстоны чемпионаты æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты сси уæлахиздзау

Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты Георгий архайдзæн апрелы

Готъойты Георгий, зæгъæн ис, æмæ боксæй архайын æрæджы райдыдта. Фæлæ йæ уый нæ бахъыгдардта, йæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз уæвын, æмæ нæ республикæйы хуыздæры ном райсын. Цæгат Ирыстоны чемпионаты æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты, 66 килограммы категорийы Георгий сси уæлахиздзау. Цавæр фæндтæ æмæ нысантæ ма æвæры йæ размæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Сæйраг къордмæ изæрыгон тренировкæтæ. Олимпаг резервы скъолайы цæттæ кæнынц Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионатмæ. Георгий йæ цæттæдзинадыл кусы афæдз æмæ рдæг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй спортмæ æрбацыди йе фсымæры фæдыл. Бæллы профессионалон крерьерæмæ. Тренертæ йæ хонынц фидар удыхъæды хицау, æмæ тыхджын спортсмен. Уыцы миниуæг Георгийæн ныридæгæн баххуыс кодта республикæйы чемпионат рамбулынæн.

Ацы скъолайы чемпионтæ цæттæ кæнын зонынц. 22 азмæ сæм сæмбырд  бирæ фæлтæрддзинад. Лæппутæ ам архайынц 9 аздзыдæй фæстæмæ. Гуцаты Георгий у Европæйы чемпионаты призер юниорты хсæн. Раздæр цыди футболы секцимæ. Арæх æрымысы йæ кæронбæттæн уæлахиз, йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты тыхджын.

Ардæм алы æрыгон адæймаг дæр æрбацæуы йæ бæллицимæ. Олимпаг майдан рамбулын…  Алцидæр цæттæ вæййы æппæт тыхтæй архайынмæ, йæ фæндон сæххæст кæныны тыххæй. Чемпионтæ схъомыл кæнынæн олимпаг резервы скъолайы ис æппæт гæнæнтæ æмæ уавæртæ.

Фæстаг рæстæг боксмæ фылдæр фæсивæд райдыдтой се ргом здахын. Бирæты æрбакæнынц сæ ныййарджытæ. Ныртæккæ скъолайы ис 70 æвзонг спортсмены.

Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты Георгий архайдзæн апрелы. Фæлæ лæппу ныридæгæн дæр у цæттæ. Ам адæймаг æнкъары фæсивæды тых æмæ тырнындзинад уæлахизтæм. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ лæппутæм æнхъæлмæ кæсынц уæлдæр къæпхæнтæ, æмæ стыр уæлахизтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania