филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:31 пятница, 17 мая 2024
17 июня 2019, 12:05
Грекъаг æхсæнад «Прометей»-йы кадджын уавæры байгом кодтой дыккаг дунеон хæсты хъæбатырты номыл стелæ

Мемориалон фæйнæгыл фыст æрцыдысты 10 æфсæддоны мыггаджы.

Грекъаг æхсæнад «Прометей»-йы кадджын уавæры байгом кодтой дыккаг дунеон хæсты хъæбатырты номыл стелæ. Хъысмæт афтæ рауад, æмæ уыцы рæстæг 60 адæймаджы алыхуызон цæфты æмæ немыцаг уацары фæстæ афтыдысты Грецимæ. Бирæтæ сæ æрбамхиц сты партизанты отрядтæм, 1941-æмæй 44-æм азы онг тох кодтой бæстæйы сæрибардзинадыл. Мемориалон фæйнæгыл фыст æрцыдысты 10 æфсæддоны мыггаджы. Сæ рухс нæмттæ сын аргъуыдæй æрымысыдысты национ-культурон æхсæнад «Прометей»-йы æмæ æндæр центрты минæвæрттæ. Æхсæнады сæрдар Юрий Асланиди куыд загъта, афтæмæй сæ зæрды рагæй уыди, сæ ныфсхаст æмзæххонты нæмттæ сæнусон кæнын. Уымæн æмæ уый у тынг ахсджиаг ныртæккæйы æмæ фидæны фæлтæртæн дæр. Хъуамæ алчидæр хъуыды кæна æмæ йæ зæрдыл дара, Греци, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты сæраппонд йæ цард чи радта, уыдоны нæмттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania