филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:06 четверг, 19 ноября 2026
14 ноября 2026, 10:15
Хæтæлдоны цæрæг Козаты Настя сбæрæг кодта йе *нусон юбилей

Йæ алыварс æрæмбырд сты йæ хæстæджытæ æмæ æмхъæуккæгтæ

Хæтæлдоны цæрæг Козаты Настя сбæрæг кодта йе *нусон юбилей. Йæ алыварс æрæмбырд сты йæ хæстæджытæ æмæ æмхъæуккæгтæ. Сылгоймаг бирæ азты фæкуыста ахуыргæнæгæй. Йæ сæйраг хæзна та сты йе стыр бинонтæ. Юбиляры цардвæндаджы тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Козаты Настяйы хæдзар Хæтæлдоны ацы бон уазджытæй дзаг у. Сæумæрайсомæй йæм арфæтимæ цæуынц æмхъæуккæгтæ, хæстæджытæ æмæ хиуæттæ. Хæссынц ын лæвæрттæ æмæ дидинджытæ. 100 азы юбилей – стыр бæрæгбон у. Бинонтæ йæм рагагъоммæ цæттæ кодтой. Ирон чъиритæ, кусæрттаг, кæрты адæм æмбырд кæнынц. Юбилярмæ уазæгуаты æрбацыдысты бынæттон хицаудзинады минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ. Сæ хыгъды парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвар Цæгæраты Руслан дæр.

Козаты Настя райгуырд 100 азы размæ Хуссар Ирыстоны хъæу Хæливдоны. Фыдыбæстæйы Стыр хæстыл сæмбæлд 14-аздзыд скъоладзауæй. Фронтмæ ацыдысты йе фсымæртæ æмæ бинонты хистæртæ. Хæсты фæстæ каст фæцис Цхинвалы университет æмæ куыста ахуыргæнæгæй.

Настя у бирæсывæллонджын мад. 1960-æм азты бинонтæ раивтой Цæгат Ирыстонмæ, Хæтæлдонмæ. Ахуыргæнæджы куыст бахъуыд ныууадзын, хæдзары бирæ архайд уыд. Абон йæ сæйраг хæзна сты йæ бинонтæ. Йæ цотыцот сты 8, æмæ ма уыдоны цот фондзæй. Æнкъард кæнын æй нæ уадзынц.

Бæрæгбон йæ тæмæны. Кæрты хъуысынц музыкæйы зæлтæ, уазджытæ кафынц æмæ зарынц, арфæ кæнынц юбилярæн æмæ мысынц иумæйаг историтæ. Мадзал бабæрæг кодта Алагиры районы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Доййаты Ибрагим дæр.

Кæрты уазджытæн фынгтæ æрæвæрдтой. Бæрæгбоны æрæмбырд сты хиуæттæ, хæлæрттæ, æмхъæуккæгтæ. Хистæртæ Хуыцаумæ скуывдтой, Настяйæн сæ зæрдæ загъта фидар æнæниздзинад, цæмæй ма бирæ азты йæ хæстæджыты хсæн амоннджынæй арвита.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania