Уый тох кæны, красная волчанка кæй хонынц, ахæм уæззау низы ныхмæ
Баххуыс кæнæм иумæ. Хачатрянты бинонтæ дарддæр æмбырд кæнынц фæрæзтæ, сæ фырт Левоны сдзæбæх кæнынæн. Уый тох кæны, красная волчанка кæй хонынц, ахæм уæззау низы ныхмæ. Лæппуйы ацæуын хъæуы дзæбæх кæныны цалдæр курсы. Фыццаг курс æнтыстджынæй ацыд майы. Иннæ та уыдзæн сентябры Германийы. Уыцы нысантæн бинонты хъæуы 3 милуаны æмæ 500 мин сомы сæмбырд кæнын. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Æрæджы дæр ма Левон Хачатряны бæллиц уыд футболист суæвын. Спортæй архайдта, бирæ рæстæг æрвыста кæрты æмæ йе мгæрттæй ницæмæй хицæн кодта. Фæлæ иу райсом йæ ныййарджытæ бафиппайдтой лæппу тынг рæсыд кæй у. Афтæ, 6 азы размæ райдыдта уæззау низимæ тох.
Низ бахъыгдæрдта уыргтæ æмæ рæстæгимæ сси иугæндзон. Медицинон æххуыс бинонтæ бацагуырдтой Германийы специалисттæм. Уым дзæбæх кæныны фæстæ ремисси æрлæууыд, фæлæ та инфекциты фæстæ низ стыхджын ис. Ныр Левоны хъæуы препараттæй терапия. Снысан æй кодтой немыцаг специалисттæ.
Æппæт уыцы рæстæг бинонтæ сæ риссаг фарстаимæ иунæг не сты. Левонæн æххуыс кæнынц хæрзаудæн фондтæ æмæ зæрдæхæлар адæм. Лæппуйы фыд йæхæдæг активонæй æмархайд кæны фондтимæ æмæ агуры дзæбæх кæнынæн фæрæзтæ. Бинонты фарсмæ чи ис, уыдоны хсæн Петр Минеевы номыл фонд æмæ «Быть добру».
2 азы размæ Левон каст фæцис 9-æм кълас. Фылдæр рæстæг æрвиты хæдзары, фæлæ фæлвары, цымыдисаг ын цы у, уымæй архайыныл. Абон ахуыр кæны видеомонтажыл. Фидæны йæхи уыны киноиндустрияйы. Йæ хæлæрттимæ бастдзинад нæ сафы. Йе мбæлттæ æмæ æмкъласонтæ йæм арæх æрбацæуынц. Левон куыд зæгъы, афтæмæй дзæбæх кæныны фæстаг курсы фæстæ йæхи зынгæ хуыздæр æнкъардта – фæзынд æм фылдæр тыхтæ æмæ фæразондзинад.
Сентябры Левоны хъæуы радон хатт абалц кæнын Германимæ. Уыдзæн терапияйы æртыккаг курс. Уымæн хъæуы 3 милуаны æмæ 500 мин сомы бæрц. Фæрæзты иу хай бинонтæ ныридæгæн сæмбырд кодтой, фæлæ фаг не сты. Левонæн дзæбæх кæныны курс нысан кæны сæ къухы цы хатдзæг бафтыд, уый ма фесафын æмæ дарддæр хуымæтæг цардæй цæрын: ахуыр кæнын, æмбæлттимæ æмбæлын, æмæ уарзон куыст кæнын. Бинонтæ та радон хатт сидынц зæрдæхæлар адæммæ. Левонæн баххуыс кæнын у алкæйы бон дæр. Фæрæзтæ арвитынæн реквизиттæ æвдыст сты экраныл.




