филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:04 суббота, 18 мая 2024
20 июля 2023, 12:01
Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академийы ныртæккæ цæуынц иумæйаг тренировкæтæ.

Се спортивон цæттæдзинадыл дзы фтауынц 60 спортсмены

Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академийы ныртæккæ цæуынц иумæйаг тренировкæтæ. Се спортивон цæттæдзинадыл дзы фтауынц 60 спортсмены. Се хсæн олимпаг чемпионтæ æмæ призертæ, стæй дунейы æмæ Европæйы чемпионтæ. Къуырийы бæрц иумæ тренировкæтæ кæнынц Ирыстоны, Белоруссийы, Азербайджаны æмæ Грецийы богæлттæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Азербайджаны иугонд командæ нæ республикæмæ ссыди 4-æм хатт. Афтæмæй сæхи цæттæ кæнынц дунейы чемпионатмæ.

Спортсментæ кæрæдзийæн загътой æгасцуай, стæй сын цыбыр разминкæ скодта Олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег. Афтæ райдайы иумæйаг тренировкæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Хæдарцаты Асланы номыл академимæ бахауын фæнды бирæ бæстæтæй спортсменты. Æмæ хуымæтæджы нæ. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм, ам спортсментæн цы уавæртæ арæзт æрцыдысты, уый. Тренировкæтæгæнæн 8 гауызы, тренажерты зал, дугъы уайынæн бынат, стæй фысымуæтты комплекс. Иумæйаг тренировкæтæ кæнынмæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 60 хъæбысæйхæцæджы 4 бæстæйæ. Се хсæн олимпаг хъæзтыты чемпионтæ æмæ призертæ, дунейы æмæ Европæйы чемпионтæ. Ныртæккæ академийы тренировкæтæ кæнынц Ирыстоны, Белоруссийы, Азербайджаны æмæ Грецийы тыхджындæр богæлттæ.

Бæллиццаг спортивон  фидæн кæмæн ис, уыдоны хыгъдмæ Гозымты Хетæг бахаста Азербайджаны иугонд командæйы уæнг уæгъдибар хъæбысхæстæй Хаджи Алиевы дæр. Спортсмен 4 хатты рамбылдта европæйаг чемпионаттæ, 3 хатты та дунейы чемпионаттæ. Хаджи Алиев ма у Токиойы олимпаг хъæзтыты æвзист призер. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм уавæрты тренировкæтæ кæнгæйæ, спортсментæ æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл, æмæ сæхи иттæг хорз равдисдзысты алы æмвæзады ерысты.

Азербайджайнаг æмæ белоруссаг спортсментæн ахæм иумæйаг тренировкæтæ фадат дæттынц дунейы чемпионатмæ сæхи иттæг хорз бацæттæ кæнынæн. Чемпионат арæзт æрцæудзæн сентябры, Сербийы. Дыууæ къуырийы тренировкæтæн Дзæуджыхъæу хуымæтæджы нæ равзæрстой, – зæгъынц тренертæ. Ам ис æппæт æмбæлгæ уавæртæ, спортивон цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынæн.

Олимпаг хъæзтыты сызгъæрин призер Сидахъаты Зауырбег та йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы чемпион Уалыты Черменимæ фембæлдмæ. Уымæй дарддæр ма къуыри иу хатт спортсментæн скæны разминкæ.

Ахæм æмбырдтæ алы бæстæты спортсментæн фадат дæттынц кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ уæвынæн. Хатгай та ма суанг ныхмæлæууæджы хуыздæр базонынæн. Æмæ уый дæр, сæхи хъудымæ гæсгæ, у тынг ахсджиаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania