филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:51 пятница, 03 мая 2024
18 ноября 2022, 12:03
Хæххон Паддзахадон аграрон университеты юридикон факультет бæрæг кæны йæ 25 азы юбилей

Факультет æм зæрдиагæй бацæттæ кодта

Хæххон Паддзахадон аграрон университеты юридикон факультет бæрæг кæны йæ 25 азы юбилей. Факультет æм зæрдиагæй бацæттæ кодта. Студенттæ сæхи дæр, æмæ уазджыты дæр бахъæлдзæг кодтой цымыдисаг концертæй. Кадджын уавæры ахуыргæнджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй. Мадзалы уыд нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Фæндырдзагъд, кафт æмæ зардимæ хæххон паддзахадон аграрон университет бæрæг кæны йæ 25 азы юбилей. Факультет куы равзæрд, уæд йæ фыццаг студентты хсæн уыд Сидахъаты Дзамболат дæр. Хорз дæсныйад райста, æмæ ныр йæ зæрдæйæн хæстæг факультеты йæхæдæг дæр кусы ахуыргæнæгæй. Хъысмæт æй фæстæмæ ацы бынатмæ кæй æрбакæндзæн, ууыл хъуыды дæр нæ кодта – зæгъы нæлгоймаг.

Кадджын уавæры факультеты ахуыргæнджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй. Ректораты минæвæрттæ сын раарфæ кодтой, цæмæй сын фылдæр æнтыстдзинæдтæ æмæ хорз ахуырдзаутæ уа, уый тыххæй.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ мадзалмæ æрбацыдысты республикæйы парламенты депутаттæ, барадон кусджытæ æмæ тæрхондоны минæвæрттæ. Семæ уыд РЦИ-А фæндаггон æдасдзинады паддзахадон инспекцийы управленийы хицау Моурауты Таймураз. Бакастысты, сæрмагонд кабинеты студенттæ цы инсценировкæ скодтой, уымæ.

Цæмæй студенттæ сæ дæсныйад хуыздæр банкъарой, уый тыххæй сын ис хицæн кабинет сæрмагонд ифтонггæрзтимæ.

Факультеты рауагъдонтæй бирæтæ систы тæрхондоны кусджытæ. Фæлæ сæ уарзон ахуыргæнæндон рох никуы кодтой. Бирæтæ æрбацыдысты мадзалмæ, цæмæй æрхъуыды кæной сæ ахуыры бонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania