филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:29 пятница, 03 мая 2024
31 мая 2023, 11:58
Хъæппæрисджын къорд активонæй архайы Хетæджы Къохы территори саив кæныныл

Калынц зæронд бæлæстæ, ласынц бырæттæ

Хъæппæрисджын къорд активонæй архайы Хетæджы Къохы территори саив кæныныл. Калынц зæронд бæлæстæ, ласынц бырæттæ. Æфснайæн куыстытæй дарддæр ма рæхджы дзуары бынаты фæзындзæн декоративон мæсыг. Йæ арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны. Активисттæн æххуыс кæны Алагиры районы администраци. Къохмæ бацæуæны баивдзысты асфальт, æмæ туристтæн сæвæрдзысты амонæн фæйнæджытæ. Аивгæнæн куыстыты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Хъæппæрисджын къорды разамонæг Хъараты Таймураз йе мцæдисонтимæ Хетæджы къохы алыварс саив кæнынмæ йе вæрæн хæссын райдыдта афæдзы размæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ уæгъд рæстæг фервиты ам. Ацы арфæйаг хъуыддагыл кусын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ дзы раластой 10 самосвалы бырæттæ æмæ калд бæлæстæ.

Таймураз æххæст кæны æппæт традицитæ, æмæ кувæндоны бынæй хæссæн ницы ис зæгъгæ, уымæ гæсгæ цы хус бæлæстæ акалынц, уыдон раласынц, басудзынц сæ æмæ сын сæ фæнык баласынц фæстæмæ. Таймураз йе мбæлттимæ зилы, цыдæриддæр дзы зайæгойтæ ис, уыдонмæ. Бæлæстæ сцæгъдынц чъырæй, хосæй бапырх кæнынц къалиутæ æмæ къутæртæ, цæмæй сæм зианхæссæг цæрæгойтæ хæстæг ма цæуой. Бахъахъхъæнын æмæ ма ноджыдæр фæфылдæр кæнын нæ фыдæлтæ нын цы æгъдæуттæ æмæ традицитæ ныууагътой, уыдон. Уый у Хъараты Таймуразы девиз.

Хъæппæрисджын къордæн æххуыс кæны Алагиры районы администраци дæр. Фарон Хетæджы боны размæ æрбахуыдтой районы скъоладзауты, æмæ волонтертимæ бафснайдтой къохы алыварс. Алагиры районы администрацийы туризмы хайады хицау Хестанты Михаил куыд фæнысан кодта, уымæ гæсгæ, фæсивæды æххуыс ахæм хъуыддæгты у ахадгæ æмæ хъæугæ. Афтæмæй рæзгæ фæлтæр æмхиц кæнынц ирон æгъдæуттæм, стæй сæм хæссынц се вæрæн.

Ацы аз бæрæгбоны размæ фæнд кæнынц фæндагмæ базилын. Стæй ма, хæстæгдæр рæстæг кæронмæ фæуыдзæн къохмæ бацæуæны цы  мæсыг ис, уый арæзтад дæр. Кусын ыл райдыдтой дыууæ мæйы размæ. Уый дæр ис комплексы фæзуаты. Ныридæгæн зæгъæн ис, æмæ иууылдæр у цæттæ. Хъæуы ма йын йæ сæр æрæмбæрзын. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй кувæндоны алыварс æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты 15-æм июны онг. Ныртæккæ та дзы æвæрынц информацион фæйнæджытæ. Фыст сыл уыдзæни, Хетæджы къохы адæймаг йæхи куыд хъуамæ дара, уыцы фæтк.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania