филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:13 понедельник, 06 мая 2024
11 октября 2023, 11:48
Хæзныдоны ахуырдзаутæн ног ахуыры азы райдианмæ сæ уарзон скъоламæ æрыздæхын нæ бантыст

Цалдæр мæйы сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ цæуынц сыхаг хъæу Толдзгуынмæ

Хæзныдоны ахуырдзаутæн ног ахуыры азы райдианмæ сæ уарзон скъоламæ æрыздæхын нæ бантыст. Цалдæр мæйы сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ цæуынц сыхаг хъæу Толдзгуынмæ. Дард фæндаг рæзгæ фæлтæры ахуырадон процесс къуылымпы кæны. Арæзтадон организаци объект хъуамæ сцæттæ кодтаид нырма августы кæронмæ. Куыстытæ афоныл цæуыннæ фесты, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Афтид кабинеттæ æмæ тыргътæ, скъолайы дзæнгæрæджы бæсты та хъуысы арæзтадон уынæр. Ахуырадон процесс йæ тæмæны, фæлæ æрмæст ацы скъолайы нæ. Йæ ахуырдзаутыл сæмбæлынмæ цæттæ нæма у. Сывæллæтты ныры онг дæр ма хъæуы ахуыр кæнынмæ сыхаг хъæумæ цæуын. Ахæм балцытæ цавæр зындзинæдтæ æвзарын кæнынц, уый не сфæлдыстадон къорд федта нырма мæй размæ. Ныридæгæн уавæр нæма аивта.

Тубеты Роберт, Хæзныдоны скъолайы директор: Куыстытæ дарддæр цæуынц. Ис ма дзы бакусинæгтæ. Сывæллæтты ардæм нæ бон æрбакæнын нæу, цалынмæ куыстытæ фæуой, уæдмæ. Уымæн æмæ куыстытæ рæстæг сын æдасдзинады æмæ æндæр домæнтæм гæсгæ не *мбæлы ам уæвын. Уымæ гæсгæ мах Толдзгуыны ахуыр кæнæм. Куыстытæ дæр кæронмæ фæвæййынц. Алы бон æнхълмæ кæсæм, абон-райсом фæуыдзысты. Фæлæ, æнхъæл дæн, нырма иу 10 боны ахæсдзысты.

Объекты паспорты фыст ис – куыстытæ фæуыдзысты 31-æм августы. Уыцы рæстæгмæ скъола нæ байгом, ахуыргæнæндон сцæттæ кæныны æмгъуыд адарддæр кодтой. Ивгъуыд мæйы аразæг фидарæй дзырдта, бындурон цалцæг кæронмæ кæй фæхæццæ кæны. Фæлæ хъуыддагыл афтæ нæ рауад. Рæстæг цæуы, уавæр та нæ ивы. Нæ ивы подрядон организацийы дзуапп дæр, цавæр къуылымпыдзинад ис, скъола йæ дуæрттæ цæуыннæ гом кæны, уыцы фарстайæн.

Мæйы размæ, нæ фыццаг æрмæг куы истам Хæзныдоны скъолайы рацарæзты тыххæй, уæд нын объект сцæттæ кæныны æмгъуыд снысан кодтой – 25 сентябрь. Ныртæккæ ног æмгъуыд – 30-æм октябрь.

Объект эксплуатацимæ радтыны фарстамæ лæмбынæг цæст дарынц ахуырады æмæ наукæйы министрады.

Æппæтæй тынгдæр та уымæ æнхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania