Фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кодтой алы республикæтæй барджытæ
Хæзныдоны уыд æрвылазон бæхты-спортивон турнир. Арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты – æмхъæуккæгты ном ссарынæн. Фыццаг бынат бацахсыныл ерыс кодтой алы республикæтæй барджытæ. Рагон традици хъæуы сног кодтой 3 азы размæ. Ацы хъуыддаг арæзт цæуы меценат Боллоты Таймуразы æххуысæй журналист Сосранты Жаннæйы проект «æнустæм хъæбатыртæ»-м гæсгæ. Бæрæгбон баххæст кодтой концерт æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты тыххæй мысинæгтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Тенгиз Черкесов бæхыл бадæн спортæй архайы 10 азæй фылдæр. Сразæнгард æй кодтой йæ фыд æмæ фыдыфсымæр. Уыдон дæр ацы хъуыддагыл хæст сты. Тенгиз куыд зæгъы, афтæмæй бæхыл фыццаг хатт сбадт 5 азы йыл куы цыд, уæд. æмæ уæдæй фæстæмæ ацы спорт сси йæ царды хай.
Тенгиз арæх фæархайы турнирты куыд йæ райгуырæн Хъæрæсе-Черкесийы, афтæ сыхаг республикæты дæр. Цæгат Ирыстонмæ зæрдиагæй æрбацæуы. Алкæддæр бацахсы призон бынæттæ Хæзныдоны æрвылазон бæхтыл дугъы. Ацы хатт сæ хъарутæ бавзæрстой 30 барæгæй фылдæр. Хъæуы æрæмбырд сты ацы спортуарзджытæ.
Ацы турнирæй ссарынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты ном. Ахæм дугъ аразын райдыдтой нырма хæсты фæстæ азты. æрвылаз-иу, 9-æм майы хъæуы цæрджытæ æрæмбырд сты бæрæгбоны ерыстæм. 90-æм азты нал уыдысты. æмæ та сæ ныр меценат Боллоты Таймуразы æххуысæй журналист Сосранты Жаннæйы проект «æнустæм хъæбатыртæ»-м гæсгæ сног кодтой.
Турнир баххæст кодтой бæрæгбоны концертæй. Архайдтой дзы республикæйы зындгонд артисттæ. Мадзал саив кодтой Хæзныдоны æрæджы цы конкурс уыд – «Поклонимся матери солдата», уый архайджытæ. Бакастысты æмдзæвгæтæ. Хъæуы цæрджытæ радзырдтой мысинæгтæ сæ фыдæлты тыххæй. Хæсты рæстæг Хæзныдонæй фронтмæ ацыд 300 адæймагæй фылдæр. Се *мбис фæстæмæ нал æрыздæхтысты. Сæ намыс рох нæу, æмæ йæ хæццæ кæнынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ.
Турниры уыд 6 дугъы, æмæ ма ноджыдæр иу та – сæрмагонд призтæ рамбулынмæ. Алы ерысы уæлахиздзаутæн æмæ призертæн саккаг кодтой æхцайы премитæ, кубоктæ æмæ кады гæххæттытæ.




