филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:43 воскресенье, 19 мая 2024
13 октября 2020, 12:49
Хъармдæттæг системæты модернизацийыл ныхас цыд Битарты Вячеславы æмæ акционерон æхсæнад «Газпром»-ы разамынды сæрдары хæдивæг Виталий Маркеловы

Æмбырды ма ныхас цыд фиддонты дисциплинæйыл.

Хæдзæртты æмæ фатерты хсæн газы кусæнгæрзты эксплуатацийыл, стæй хъармдæттæг системæты модернизацийыл ныхас цыд, Битарты Вячеславы æмæ акционерон æхсæнад «Газпром»-ы разамынды сæрдары хæдивæг Виталий Маркеловы видеоконференцийы. Ныхасы архайдтой Цæгат Ирыстоны хицауады æмæ бæрнон куыстуæтты минæвæрттæ. Уæрæсейы регионты бирæфатерон хæдзæртты газуадзæн кусæнгæрзтимæ баст цалдæр фыдбылызы кæй æрцыд, уымæ гæсгæ «Газпром» бахаст хъæппæрис, закъонæвæрынадмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Нæ республикæйы разамонæг Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы фарста алыг кæныны тыххæй хъæуы æххæстгæнæн хицауады, бынæттон хиуынаффæйады æмæ газдæттæн организацийы æмгуыстад банывыл кæнын. Хъармгæнæн сезоны рæстæг æдасдзинады мадзæлттæм хъæуы уæлдай бæрнондæр цæстæй кæсын. Æмбырды ма ныхас цыд фиддонты дисциплинæйыл. Стыр æргом аздæхтой Дзæуджыхъæуы хъармдæттæг комплексы модернизацимæ. Уый тыххæй та хъæуы цалдæр ахсджиаг фарстайыл бакусын. Кæронбæттæны Виталий Маркелов раарфæ кодта Битарты Вячеславæн, актуалон фарстатæ лыг кæнынмæ кæддæриддæр цæттæ кæй у, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania