филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:09 воскресенье, 19 мая 2024
13 августа 2020, 11:52
Хъармгæнæн сезонмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ бацæттæ кæнын, уый у æнæмæнг хъæугæ хъуыддаг

Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы бацыдысты сæ тæмæны

Хъармгæнæн сезонмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ бацæттæ кæнын, уый у æнæмæнг хъæугæ хъуыддаг. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы бацыдысты сæ тæмæны. Куыстытæ куыд цæуынц, уый феныны тыххæй кусæг балцы рацыдысты вице-премьер Фадзайты Æхсарбег æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Семæ уыд нæ уацхæссæг Бокоты Виктория дæр.

Дзæуджыхъæуы сæ тæмæны бацыдысты зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Стыр æргом здæхт цæуы артаджы æмæ энергетикон комплексы, стæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæм. Куыстытæ куыд цæуынц, уый федтой вице-премьер Фадзайты Æхсарбег æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн. Уыдысты Толстойы æмæ Ломоносовы уынгты. Ам ивынц хъармдæттæг трассæйы хæтæлтæ – 7 сæдæ метры.

Вице-премьер федта Доваторы проспекты куыстытæ дæр. Участоччы ивынц хæтæлтæ. Хъуамæ уыдон балæггад кæной 15 азы. 

Æдæппæтæй зымæгмæ цæттæгæнæн пъланмæ хаст æрцыд сæдæ нæуæдз æртæ хъармгæнæны æмæ дыууæ сæдæ цыппор километры хъармдæттæг хызы. Уымæй дарддæр бацæттæ кæндзысты дондзæуæн, канализацион æмæ электрон тыхдæттæг телтæ. Ацы куысытæн радих кодтой æртæ сæдæ æртын авд милуан соммæ хæстæг. Цалцæггæнæн куыстытæ нысан кæнынц сентябры кæронмæ фæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania