филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:10 среда, 08 июля 2026
07 июля 2026, 08:35
Хетæджы Къохы арæзт æрцыдысты Нарты хъæзтытæ

Фæсивæд сæхи фæлвæрдтой спорты алы хуызты, стæй ма сæ рæстæг дæр арвыстой пайдаимæ

Армрестлинг, фат æмæ æрдынæй æхсын, дур дардмæ æппарын… Хетæджы Къохы арæзт æрцыдысты Нарты хъæзтытæ. Фæсивæд сæхи фæлвæрдтой спорты алы хуызты, стæй ма сæ рæстæг дæр арвыстой пайдаимæ. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ сты тынг ахсджиаг. Афæдзæй-афæдзмæ дзы фæархайынц фылдæр адæм. Рагон хъæзтыты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ерысты размæ æнæмæнг хъæуы амынд скæнын. Цалдæр минуты фæстæ ацы лæппутæ рацæудзысты фæзмæ, æмæ равдисдзысты сæ тых, хъару, арæхстдзинад æмæ фæразондзинад. Хетæджы Сыгъдæг Къохы арæзт æрцыдысты «Нарты хъæзтытæ». Спортивон бæрæгбон баиу кодта национ æгъдæуттæ æмæ традицитæ, стæй ма фæсивæды хсæн ерысхъомдзинад. Архайджыты хсæн – Михайловскæйы сæрмагонд профессионалон училищæйы 4-æм курсы студент Малтъызты Аскер. Йе мкурсонтимæ фыццаг хатт архайы Нарты хъæзтыты, æмæ йæ бафæндыд йæ тыхтæ национ спорты хуызты бафæлварын. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ рагæй фæндыди спортивон бæрæгбонмæ æрбацæуын. Ныр ацы бон æнæмæнг баззайдзæн йæ зæрдæйы.

«Нарты хъæзтытæ» Хетæджы Къохы баиу кодтой нæ республикæйы алы районтæй 100 архайæджы онг. Ерысты программæйы уыдысты куыд нырыккон, афтæ традицион национ спорты хуызтæ. Армæй хæцын, мас-рестлинг, фат æмæ æрдынæй æхсын, дур дардмæ æппарын, бæндæн ивазын. Хъæзтыты сæйраг хæс канд тыхджындæрты равзарын нæ уыд, фæлæ ма фæсивæды Ирыстоны культурон бынтимæ базонгæ кæнын, иудзинадыл кусын æмæ нæ рагон æгъдæуттæ хъахъхъæнын. Афæдзæй-афæдзмæ Нарты хъæзтытæм цымыдисдзинад рæзы. Бирæты бафæнды сæхи национ спорты хуызты бафæлварын æмæ нæ фыдæлты хæзнатæ базонын.

Ерысты архайджытæн ацы бон фадат радта се мбæлттимæ сæхи аирхæфсынæн, командæйы архайынæн æмæ кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууынæн. Уæлахиздзаутæн радтой кубоктæ æмæ майдантæ, стæй зæрдылдарæн лæвæрттæ. Фæлæ сæйрагдæр уыд уый, æмæ «Нарты хъæзтыты» рæстæг лæппутæ райстой ирд æнкъарæнтæ æмæ кæрæдзиимæ ногæй фембæлыны бæллиц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania