филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:05 пятница, 10 мая 2024
06 июня 2019, 12:20
Хицауадон кусæг къорд æркасти, завод «Электроцинчы» раздæры кусджытæн æндæр бынæттæ ссарыны фарстамæ

Æмбырдæн разамынд лæвæрдта РЦИ-А Хицауады сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег.

Хицауадон кусæг къорд æркасти, завод «Электроцинчы» раздæры кусджытæн æндæр бынæттæ ссарыны фарстамæ. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта РЦИ-А Хицауады сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег. Куыд загъта, афтæмæй завод сæхгæныны фæстæ мин адæймагæй фылдæр баззади æгуыстæй. Фарста æнцон нæу. Фæлæ спайда кæнын хъæуы алы гæнæнтæй, цæмæй ссарой аккаг куысты бынæттæ. Ахæм хæс радта республикæйы Срæгълæууæг Битарты Вячеслав. Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы 30 куыстуатæй фылдæр фехъусын кодтой, цы уæгъд бынæттæ сæм ис, уыдоны тыххæй. Адæмæн куыст радтын сæ бон у, вагæттæ цалцæггæнæн заводы, «Радуга»-йы, «Разряд»-ы, «Владтрамвай»-ы, «Цæгаткавказэнерго»-йы, «Контактор»-ы æмæ æндæр куыстуæтты. Æдæппæтæй 170 куысты бынаты. Каст цæуы, Уæрæсейы промышленнон куыстуæттæм дæр. Кæд исчи æндæр горæтмæ ацæуынмæ сразы уа, уæд дзы ис куысты ныллæуыны фадат. Зæгъæм, Кæсæг-Балхъары цæттæ сты арæзтадон объекты 170 адæймагæн куыст радтынмæ. Икъаты Русланбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыст хъуамæ гæххæттыл ма уа, фæлæ хъуыддагыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania