филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 вторник, 21 мая 2024
23 декабря 2020, 13:00
Хицауады æмбырды æрдзырдтой ахуырады къабæзты ивддзинæдтыл, паддзахадон хæстæ æмæ социалон-экономикон райрæзтыл

Тускъаты Таймураз куыд загъта фидæны аз ахсджиаг кæй уыдзæн профилон ведомствæ æмæ муниципалитетты æмархайд.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ ахуырады къабæзты ивддзинæдтæ, паддзахадон хæстæ æмæ Мæздæджы районы социалон-экономикон райрæзт. Ацы æмæ æндæр фарстатыл æрдзырдтой хицауады æмбырды. Сæрмагондæй ныхас цыд 3 азмæ арæзт бындурон цалцæджы республикон цыбыр программæйыл. 2022-æм азмæ 5 муниципалон сконды хъуамæ базилой 47 цæрæнуатмæ. Сæ иумæйаг аргъ уыдзæн 218 милуан сомы. Уый тыххæй радзырдта профилон ведомствæйы разамонæг Таматы Майрæн. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр ма фехъусын кодта, 2025-æм азмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй хуыздæр царды уавæртæм раивдзысты 1000 адæймаджы. Уыдон та сты 444 хæдзары сæ иумæйаг фæзуат у 20 мин 750 квадратон метры.

Хицауады æмбырды рæстæг экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег фехъусын кодта, Мæздæджы районы райрæзты мадзæлттæм цы ивдзинæдтæ хаст æрцыд, уый тыххæй. Баст сты, объекттæ æмæ цыл цас фæрæзтæ схардз кæндзысты, уыимæ. Афтæ аиргъæвтой арæндоны арæзтады æмгъуыд, стæй 2 амбулаторийы рацарæзт. Ивддзинæдтæ бахастой Мæздæджы скъола-интернаты арæзтады финансон хъуыддагмæ æмæ Хъызлары, стæй Черноярскæйы ахуыргæнæндæттæм.

Æмбырды ма ныхас цыд, республикæ цы хæстæ дары, уый тыххæй. Финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана Каровайы ныхæстæм гæсгæ хицауады уæнгты архайд баст кæй у царды æмвæзад ныллæг кæнын ма бауадзын, стæй фæнысан кодта сæрмагонд фарстатæ. Тускъаты Таймураз куыд загъта фидæны аз ахсджиаг кæй уыдзæн профилон ведомствæ æмæ муниципалитетты æмархайд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania