филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:05 понедельник, 17 июня 2024
07 апреля 2021, 12:37
Хицауады хæдзары уыд республикæйы ахуырады системæ фæхуыздæр кæныны фарстатимæ баст радон æмбырд

Сæрдариуæг дзы кодта Битарты Вячеслав

Хицауады хæдзары уыд республикæйы ахуырады системæ фæхуыздæр кæныны фарстатимæ баст радон æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Битарты Вячеслав. Людмила Башаринæ куыд загъта, афтæмæй йæ бæрны цы министрад ис, уый кусæг къордимæ сарæзтой Ирыстоны ахуырады дарддæры рæзты æмæ йæ хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны программæ. Арæзт у 4 проектæй. Царды рауадзын æй фæнд кæнынц фидæны азы. Йæ фæрцы хъуамæ ахуырады системæмæ хаст æрцæуа пайдайаг хъуыддæгтæ. Республикæйы сæргълæууæджы зæрдæмæ фæцыд программæ, фæлæ куыд фæбæрг кодта, афтæмæй ма йæм æркæсын хъæуы. Ома, сбæрæг кæнын алы къæпхæны куыстыл дæр дзуапп чи дæдтдзæн, уыдоны. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстамæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ ахуырадон процессы стыр бынат ахсынц дæсны кадртæ. Уыдоны райрæзт дæр хаст æрцыд программæмæ. Æмбырды рæстæг йæ архайджытæ дæр раргом кодтой сæ хъуыдытæ ахуырады системæйы райрæзты тыххæй. Цæгат Ирыстоны сæргъллæууæг Битарты Вячеслав профилон министрадæн бахæс кодта, цæмæй лæмбыныг бакусой, программæ царды рауадзынæн цас фæрæзтæ бахъæудзæн, уыцы фарста. Фæбæрæг ма кæндзыстæм уый, æмæ республикæ кæй архайы национ проект «Ахуырады». Арæзт цæуынц ног скъолатæ, цалцæггонд цæуынц ахуырады къабазы объекттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania